филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:39 понедельник, 15 декабря 2025
25 октября 2016, 18:58
Нæзыйы талатæ садзыны æртыккаг къæпхæн арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны

Фыццаг уыд, Дзæуджыхъæуы бон куы бæрæг кодтам, уæд «Нæртон»-ы аллеяйы. Уыцы бон ныссагътой нæзыйы 64 талайы. Уымæй уæлдай 45 талайы республикæйы цæрджытæ аластой нæ бæстæйы æндæр регионтæм.

Нæзыйы талатæ садзыны æртыккаг къæпхæн арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны

Нæзыйы талатæ садзыны æртыккаг къæпхæн
арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны. Фыццаг уыд, Дзæуджыхъæуы бон куы бæрæг кодтам, уæд
«Нæртон»-ы аллеяйы. Уыцы бон ныссагътой нæзыйы 64 талайы. Уымæй
уæлдай 45 талайы республикæйы цæрджытæ аластой нæ бæстæйы æндæр регионтæм.
Дыккаг къæпхæн та уыд Тæгайы комы рекреацион комплексы. Акци саразыныл бакуыста
туризмы комитет. 70 адæймаджы, 300 талайы. Нæзыйы мыггæгтæ ныссадзынмæ хæхтæм абалц
кодтой сæрмагонд акцийы архайджытæ. Уый тыххæй Цæгат Ирыстонмæ сластой сыбираг
нæзыйы мыггæгты талатæ. Кæм сæ ныссадзой, уыцы бынат лæмбынæгæй æвзæрстой.
Цæмæй уæлдæфы температурæ дæр æмæ мæр уой, куыд æмбæлы, афтæ. Мамысонмæ канд
туристон клубы уæнгтæ нæ ацæдысты, фæлæ кæй фæндыд, уыдон се ппæт дæр. Йæ фарс
рахæцыд туризмы комиет дæр. Талатæ ныссадзын бафæндыд кæстæрты дæр.
Гиоты Хъазыбегыл цæуы æрмæстдæр 7 азы. Фæлæ йæ ныр дæр зоны – æрдз хъахъхъæнын
æмæ йыл ауæрдын кæй хъæуы, уый. Бафæндыд æй йæхи æвæрæн бахæссын æрдз бахъахъхъæныны
хъуыддагмæ. Мамсыонмæ æрбацыд йæ ныййарджытимæ. Талатæ фæхæцыдысты, æви нæ, уый бæрæг
уыдзæн сæрды. Уæвгæ та нæзыйы мыггаг рæзы 400 азы бæрц. Иуæй-иутæ сырæзынц
цыппор метры бæрзæндæн. Нæзы бæлæстæ ныссадзын зын нæу. Йæ сæйрагдæр хъуыддаг у
– цæмæй тала фæхæца, уый. Уымæн та хъæуынц æмбæлгæ уавæртæ. Акцийы алы
архайæгæн дæр байуæрстой сæрмагонд зæрдылдарæнтæ. Æмæ ууыл æрлæууынмæ нæ
хъавынц. Акцийы радон къæпхæн уыдзæн Беслæны Зæдты Горæты. 

Фидараты Маринæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania