филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:43 суббота, 18 мая 2024
01 августа 2023, 11:51
Нæ æрмæг та уыдзæн сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæй иуы тыххæй

Радзурдзыстæм æппæтæй сусæгдæр сæрмагонд дæлхайады командиры тыххæй. Йæ фæсномыг «Талиб»

Нæ æрмæг та уыдзæн сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæй иуы тыххæй. Радзурдзыстæм æппæтæй сусæгдæр сæрмагонд дæлхайады командиры тыххæй. Йæ фæсномыг «Талиб». Æфсæддон операцийы архайы фыццаг бонтæй. У фæлтæрдджын хæстон, сырх дипломимæ каст фæцис æфсæддон училищæ. Фидарæй размæ кæны йæ дæлхайад.

«Талиб» разамынд цы сæрмагонд дæлхайадæн дæтты, уый æфсæддон операцийы зонæйы æппæтæй сусæгдæртæй иу у. Ацы дæсны хæстонтæ вæййынц, æппæтæй зындæр хæстæ æххæст кæнын кæм фæхъæуы, уым. Бабырсынц националистты æнцайæн пункттæм, фидаргæнæн районтæм æмæ тасы бафтауынц знаджы. Уыимæ афтæ, æмæ сыл расидтысты цуан. Украинæйы æфсæддон тыхты ацы дæлхайады ныхкъуырдæй фæхъуыд мингай адæймаджы.

 Легендарон командир «Талиб»-ы цæсгом балаклавæйæ барæй æхгæд у. Æбæрæгдзинад у йæ дæлбар чи ис, уыдоны æдасдзинады гаранти. Ацы ирон хъæбатыры æцæг ном, йæ биографийы хабæрттæ, хæстон фæндаг сты сусæг. Æфсæддон институты сырх диплом, сæрмагонд нысаниуæг кæмæн ис, уыцы отрядты службæ. Йæ зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинад бæрзонддæр кодта хæстон цауты архайгæйæ. Сæрмагонд æфсæддон операцийы фыццаг бонтæй йæ дæлхайад фидарæй размæ кæны.

 Мæнæ хæстонтæ рацыдысты æхсæн арæнмæ. Ацы кадртыл неонацистты æнцайæн пункт ныппырх кодта миномет «Тюльпан»-ы экипаж.  Ацы хæцæнгарз у тызмæг, кæд æмæ йын рæсугъд ном ис, уæддæр.

Талибы дæлхайады хæстонтæ ракетон комплекс «Корнет»-тимæ националистты тасы æфтауынц. Уæрæсейаг æфсæддонтæ сæ цæст дарынц знаджы дæлхайæдты цас хæстонтæ ис, æмæ сæ бынат куыд ивынц, уымæ. Æнæнхъæлæджы фæзынынц, ныппырх кæнынц æмæ уайтагъд фесæфынц. Ацы кадртыл Талиб йе къордимæ  ацыд дзуаппдæттæг артиллерион æхстытæй.

 Ныхмæлæууæг хорз æрфидар ис æмæ йæ расайын æнцон нæу. Артиллерийы цæфтæ бæлвырд кæнынц æнæ пилотæй тæхæн аппаратты техникон басгæрсты дæлхайадтæ. Æврхуыз сæримæ хæдзары сбæрæг неонацистты батальон «Кракен». Райдыдта хæстон куыст.

Æмбæхсæн бынатæй æхст. Террористтимæ тыхы æвзагыл дзурын «Талиб» зоны. Ахæм ныхасы хатдзæг кæддæриддæр иу вæййы.

 Уæлахиз кæнын æнцон хъуыддаг нæу. Домы тырнындзинад æмæ фидар удыхъæд. Дæлхайады командир «Талиб» йæхæдæг ахуыр кæны батальон «Алани»-йы ног хæстонты.

Сæйраг æргом здæхт цæуы, тохы цы практикон зонындзинæдтæ бахъæудзæн, уыдонмæ. Уыцы нысанæн не вгъау кæнынц гилдзытæ æмæ нæмгуытæ. Инструкторты хыгъды æфсæддон фæлтæрддзинадимæ афицертæ дæр. Афæдзмæ «Талибы» разамындæй сахуыр 300 специалистæй фылдæр.

Контрбырсты фæлварæнтæн æнæрлæугæйæ ныхкъуырд лæвæрд цæуы. Фæсарæйнаг техникæйы æмæ фистæгæфсады колоннæтæ уæрæсейаг позицитæм бырсынц. Украинæйы æфсæддон тыхтæ нæ арæнтыл ныппырх вæййынц.

Ныгуылæн танктæ æмæ згъæрмашинæтæ судзынц æппæт фронты. НАТО-йы стæм

Ацы кадртыл «Талибы» дæлхайад пырх кæны ныхмæлæууæджы къордтæ. Æхстыты фæстæ уæззау техникæйы колоннæйы сæрмæ фæздæг лæууы.

Стæм къам. 2 хæрзæфсымæры. 2 командиры. «Талиб» æмæ «Харон». Сæ фыды æмæ мады фыдтæ дыууæйæдр уыдысты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фронтты. Сæ хъæбатырдзинад хъуыдыгæнгæйæ, æфсымæртæ сфæнд кодтой сæ цард Фыдыбæстæ хъахъхъæнынимæ сбæттын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania