филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:00 суббота, 31 января 2026
24 марта 2022, 14:23
Нæ бæстæйы экономикон райрæзт аразгæ у бынæттон куыстуæтты архайдæй дæр

Фæстаг рæстæг кусæн æрмæджытæ цæхгæр кæй фæзынаргъдæр сты, уый фæбæрæг алы къабæзтыл

Нæ бæстæйы экономикон райрæзт аразгæ у бынæттон куыстуæтты архайдæй дæр. Фæстаг рæстæг кусæн æрмæджытæ цæхгæр кæй фæзынаргъдæр сты, уый фæбæрæг алы къабæзтыл. Уыимæ уæрæсейаг компанитæ райдыдтой ног уавæрты кусын. Куыд сыл арæхсынц цæгатирыстойнаг куыстуæттæ, уый тыххæй радзурдзæн Касаты Наирæ.

Фæстаг рæстæг кусæн æрмæджытæ цæхгæр кæй фæзынаргъ сты уый иу, фæлæ ма сты стæм дæр. Мебель аразæн куыстуæттæн скодта зын рæстæджытæ. Ныгуылæн бæстæты санкцитæ хынцгæйæ, ацы базарад ныртæккæ агуры гæнæнтæ, дарддæр куыд уа, уымæн.

Республикæйы стырдæр мебель аразæн куыстуæттæй иу. Иу кусæнгарз дæр дзы æгуыстæй нæ лæууы. Бынæттон куыстуæтты разамонæджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй гæнæн ис, базарады афтид бынæттæ бацахсынæн. Уый ирдæй разынди бирæ фæсарæйнаг компанитæ нæ бæстæйæ куы ацыдысты, уый фæстæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ нæ регионы сæ ацыд афтæ нæ фæбæрæг, кусæнгæрзтæ та сты бынæттонтæ. Хомагæн йæ фылдæр ис республикæйы.

2014-æм азы дæр рæстæг хуымæтæг нæ уыди, фæлæ Гуыбаты Тимур хъæддзаума аразæн куыстуа фæзынди уæд. Йæ размæ сæвæрдта хæс – цыфæнды уавæры дæр гæнæнтæ агурын, цæмæй й архайд ма бамынæг уы. Уымиæ гæсгæ, абон йæ бизнес къулымпыдзинæдтыл сæмбæлгæйæ уæддæр кусы.

Ацы æвæрæнтæм кæсгæйæ, зын бауырнæн у, хъæддзаумæ уадзæн къабазы размæ къуылымпыдзинæдтæ кæй уыдзæн, ууыл. Уыимæ, Уæрæсейы мебель уадзæн æмæ хъæдæрмæджы куысты промышленносты ассоциаци ныридæгæн фехъусын кодта, æргътæ кæй фæзынаргъдæр уыдзысты, стæй кусæнгæрзтæ æмæ хомаг дефицит кæй уыдзысты, уый.

Хъæддзаумæ цæмæй фидар кæнынц уый хуызтæ сты бирæ. Уæрæсейаг фабриктæ дзы пайда кæнынц сæдæгай милуантæ, гæнæн ис æмæ миллиардтæй дæр. Зæгъын хъæуы уый, æмæ ацы хомаг бирæ азты фæсарæнтæй нæ республикæмæ ластой.

Европæйаг хъæддзаума аразджыты кусæнгæрзты бæсты базарадмæ рахызтысты уæрæсейаг станоктæ.

Гыццыл кусæнгарз йæ фæстæ расайы бирæ цæлхдуртæ. 90% фæсарæнтæй ласт цы кусæнгæрзтæ сты, уыдонæн гæнæн ис æмæ хæстæгдæр рæстæг базарадæй фесæфдзысты. Куыд тагъд, сæйрагдæр та цæмæй баивдзысты, Уæрæсейы сæ куыст цы брендтæ баурæдтой, уыдоны.

Экспертты хъуыдымæ гæсгæ фæстаг рæстæг Стамбул Уæрæсейæн сси сæйраг базарадон æмæ транспортон фæрæз.

Ацы къабазы эксперттæ зæгъынц, базарад хъуамæ йæ раздæры фæткмæ æрцæуа афæдзы рдæджы фæстæ. Къуылымпыдзинæдтæ сты рæстæгмæ. Фæлæ, æргътæм кæй бафтдзæн, уымæн æдæр гæнæн нæй.

Къабазы егъаудæр куыстуæттæ зæрдæ вæрынц, хæстæгдæр рæстæг æргътæ кæй нæ аивдзысты, уымæй. Мебель аразæг куыстуæттæ цæттæ не сты базарадæй рацæуынмæ, уый тыххæй та сæ хъæуы фæлхасгæнæг.

Хæстæгдæр нысанты – ныгуылæн бæстæты кусæнгæрзтæн альтернатива ссарын. Уымæн та хъæуы рæстæг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania