филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:07 суббота, 31 января 2026
02 ноября 2021, 10:56
Нæ бæстæйы фыццаг хатт арæзт æрцыд «Уæрæсейы хуыздæр директоры» конкурс

Уымæн æмæ дзы фыццаг хатт архайдта не мзæххон, Цæгат Ирыстоны минæвар, Ногиры 2-æм скъолайы директор Хъæцмæзты Гермæн

Нæ бæстæйы фыццаг хатт арæзт æрцыд «Уæрæсейы хуыздæр директоры» конкурс. Уæвгæ, ууыл ногдзинæдтæ нæ фесты. Уымæн æмæ дзы фыццаг хатт архайдта не мзæххон, Цæгат Ирыстоны минæвар, Ногиры 2-æм скъолайы директор Хъæцмæзты Гермæн. Зæгъдзæстæм ма уый дæр, æмæ конкурсы æдæппæтæй архайдта 700 адæймаджы. Уыдонæй равзæрстой 30 специалисты, æмæ Гермæн дæр уыд се хсæн. Уыимæ – æппæтæй æрыгондæр. Фæлæ уымæй йæ фæлтæрддзинад нæ мынæг кæны. Æрыгон разамонæджы тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Йæ визиткæмæ æркаст – куыд рæдыдтытыл куыст, афтæ. Фæлæ конкурсы жюри æрыгон директоры куыстæн хорз аргъ скодта. Хуыздæры ном райсыныл бацархайыны хъуыды  Хъæцмæзты Гермæнмæ æнæнхъæлæджы рцыди. Курдиат арвыста, оффлайн-къæпхæн рацыди æнтыстджынæй. 700 адæймагæй бацыд 30 специалисты хыгъдмæ. Дарддæр та уыд онлайн фембæлд Мæскуыйы. Æрмæст нæ бантыст иу хæслæвæрд сæххæст кæнын.

Фæлæ уый Гермæны нæ бахъыгдардта Уæрæсейы скъолаты директорты хъыгдмæ бахауын. Æдæппæтæй сты 10 адæймаджы. Зæгъдзыстæм ма уый дæр æмæ Хъæцмæзты Гермæн у конкурсы æппæтæй æрыгондæр архайæг. Цалынмæ ерыс цыди, уæдмæ йын ныфсытæ æвæрдтой йе мкусджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ.

Хъæцмæзты Гермæн скъолайæн разамынд дæтты ныр 5 азы. Раздæр ахуыргæнæгæй куыста Цæгат Кавказы хæххон металлургон институты, стæй Хицауады. Йæхи ныхæстæм гæсгæ йын скъолайы кусын у цымыдисаг. Йæ хо дæр у ахуыргæнæг, йæ нана та уыд директор. Уымæ гæсгæ йæм курдиат куы бацыд, ахуыргæнæндоны сæргъы æрлæууын, уæд æвæстиатæй сразы. Абон у ногдзинæдтæ æрхъуыдыгæнæг. Конкурс «Уæрæсейы афæдзы хуыздæр директор» ын сси фæлварæны хуызæн, стæй ма йын фæци йе мкусджыты фæлтæрддзинадæй фæхай уæвыны фадат.

Цалынмæ скъолайы ахуырдзаутæ, æдæппæтæй 347 адæймаджы, уæлæмхасæн каникулты сты, уæдмæ директоры кабинет афтид нæ вæййы. Хъæцмæзты Гермæн кусы ног хъæппæристыл. Йæ сæйрагдæр нысан у – ахуыргæнæн процесс фæцымыдисагдæр кæнын. Конкурс ын радта ног фæлтæрддзинад. Уымæй дарддæр та ма йын балæвар кодта ног æмбæлтты нæ бæстæйы алы регионтæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania