Бæрæгбоны мадзæлттæ ацыдысты Цæгат Ирыстоны дæр
Уарзондзинад, æмбарынад, æнувыддзинад, иузæрдиондзинад æмæ кæрæдзийæн барынад. Ацы миниуджытæ сты фидар æмæ æнгом бинонты бындур. Нæ бæстæйы сбæрæг кодтой бинонты, уарзондзинады æмæ иузæрдиондзинады бон. Фыццаг хатт æй сбæрæг кодтой 2008-æм азы. 2022-æм азы та Уæрæсейы сси официалон бæрæгбон. Ис ын рагон бындур, æмæ баст у Муромаг Петр æмæ Феврониимæ. Уыдон нымад сты æнгом бинонты символыл. Бæрæгбоны мадзæлттæ ацыдысты Цæгат Ирыстоны дæр. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Фидараты Маринæ.
Разыйы дзуапп – æмæ нырæй фæстæмæ ацы дыууæ æрыгон адæймаджы систы бинонтæ. Къарджиаты Зæринæ æмæ Цæрикъаты Хъазыбег базонгæ сты хæхты сæ фæллад уадзгæйæ. Фыццаг фембæлдтытæ, æмæ чындзæхсæвыл хъуыдытæ. Цæсты фæныкъуылдмæ фестадысты ЗАГСы, – хъазгæйæ дзуры Зæринæ. Фæлæ, сæхи ныхæстæм гæсгæ, дыууæ азы размæ ууыл хъуыды дæр нæ кодтой.
Иу ныхасæй, фидæнмæ нысантæ не вæрдтой. Раст Даниил æмæ Ирина Булатниковты хуызæн. Хъысмæт сæ сæмбæлын кодта аргъуаны хоры 2009-æм азы. Уæдæй фæстæмæ иумæ цæуынц царды фæндагыл. Куы базонгæ сты, уыцы бонæй 3 мæйы куы рацыд, уæд сфæнд кодтой сæ цард баиу кæнын. Фыд Даниил ныртæккæ кусы Сыгъдæг Георгий Уæлахизхæссæджы номыл аргъуаны. Иринæ та зары аргъуаны хоры. Алцæмæйдæр архайы йæ сæры хицауæн æххуыс кæныныл. Иумæйаг æнгом царды сусæгдзинадыл дзургæйæ, зæгъы – сæйрагдæр у кæрæдзи æмбарын æмæ аргъ кæнын.
Иуæй-иу хатт ма сдзурын, иннæ хатт та дæ хъуыды зæгъын, ахсиагдæр та кæрæдзимæ байхъусын. Уыдон сты æнгом бинонты сæйрагдæр миниуджытæ. Æрмæст афтæмæй ис бинонты бындур бахъахъхъæнын. Сæ сывæллæттæн нæмттæ æвзаргæйæ дæр æрцæуынц иу хъуыдымæ. Фыд нæмттæ равзары чызджытæн, мад та лæппутæн. Виктор, Калерия, Арсений æмæ София хъомыл кæнынц, хæлар ахастдзинæдтæ уынгæйæ. Æппæтæй сæйрагдæр та – дунемæ æмæ Хуыцаумæ уарзондзинад æвдисгæйæ.
Ацы бон бинонтæн, уарзондзинадæн æмæ иузæрдиондзинадæн ис уæлдай ахадындзинад. Кæд æрыгон бæрæгбон у, уæддæр ын ис рагон æмæ цымыдисаг истори. 13-æм æнусы цардысты сыгъдæг Муромаг Петр æмæ Феврония. Уыдон ныр аудынц чырыстон бинонтыл. Сæхæдæг фæцардысты хæларæй алы уавæрты дæр: хъæздыгæй, мæгуырæй, æнæнизæй æмæ рынчынæй дæр, стæй сæ цардæй дæр ахицæн сты иу бон. Суанг сæ мæлæт дæр нæ фæхицæн кодта. Петр æмæ Феврония цавæрдæр амалæй ныгæд æрцыдысты иу чырыны. Афтæмæй се ппæты дæр баууæндын кодтой – уарзондзинад цæры æнусты дæргъы.
Бинонты цард стыр чиныджы хуызæн у. Уыцы чиныджы ис бирæ чысыл цаутæ: хъæлдзæг æмæ æрхæндæг. Кæйдæр тыхджындæр кæнынц, кæйдæр та фæхицæн кæнынц. Ацы аз республикæйы ЗАГСы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, бинонтæ арæхдæр хицæн кодтой, сæ цард баиу кæнынимæ абаргæйæ. Фæлæ специалисттæ уæддæр зæгъынц, уавæр бынтон æвзæр нæу.
Адæймаджы куы бафæнда, уæд йæ къухы алцыдæр бафтдзæн. Уый хауы уарзондзинадмæ дæр. Сæйрагдæр у зæрдыл дарын – цыфæнды зындзинæдтæ дæр вæййынц рæстæгмæ, уарзондзинад та у æнусон.




