филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:21 среда, 17 декабря 2025
13 июня 2024, 12:11
Нæ бæстæйы сбæрæг кодтой сæйраг паддзахадон бæрæгбæттæй иу – Уæрæсейы бон

Ирыстон Уæрæсеимæ баиуы 250 азы æмæ Уæрæсейы боны фæдыл кадджын мадзæлттæ ацыдысты Дзæуджыхъæуы æмæ районты

Нæ бæстæйы сбæрæг кодтой сæйраг паддзахадон бæрæгбæттæй иу – Уæрæсейы бон. Ирыстон Уæрæсеимæ баиуы 250 азы æмæ Уæрæсейы боны фæдыл кадджын мадзæлттæ ацыдысты Дзæуджыхъæуы æмæ районты. Сæрибары фæзы арæзт æрцыди егъау флешмоб. 250 фæндырдзæгъдæджы иумæ ацагътой ирон æмæ уырыссаг мелодитæ. Хетæгкаты Къостайы номыл фæлладуадзæн парчы бæрæгбоны фæлгæты равæрдтой культурон-ирхæфсæн зонæ. Сæрдыгон эстрадæйы сценæйы се сфæлдыстад равдыстой республикæйы национ къордтæ. Цатырты цыдысты дæсныйадæвдисæг ахуыртæ æмæ æндæр ирхæфсæн мадзæлттæ, сæ фылдæр баст уыдысты национ æууæлтимæ. Бæрæгбоны изæр ахицæн стыр концертæй. Сæрибары фæзы республикæйы цæрджытæн æмæ уазджытæн сæ зæрдæтæ барухс кодтой дыууæ легендарон къорды – паддзахадон академион ансамбль «Алан» æмæ Мæскуыйы кафты паддзахадон академион театр «Гжель».

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania