филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:45 воскресенье, 01 февраля 2026
25 мая 2023, 11:36
Нæ бæстæйы сбæрæг кодтой Славайнаг фыссынады æмæ культурæйы бон

Баст у славайнаг алфавит аразджытæ Сыгъдæг Кирилл æмæ Мефодиимæ

Нæ бæстæйы сбæрæг кодтой Славайнаг фыссынады æмæ культурæйы бон. Баст у славайнаг алфавит аразджытæ Сыгъдæг Кирилл æмæ Мефодиимæ. 1991-æм азы бæрæгбон фидаргонд æрцыд паддзахадон æмвæзадыл. Фæлæ дунейы цы ивддзинæдтæ цæуынц, уыдон фæбæрæг вæййынц алы æвзагыл дæр. Фыццаджыдæр фæзынынц ног дзырдтæ æмæ терминтæ. Фæсивæд сæ уатагъд базонынц, фæлæ хистæр кары адæмæн та уый зындæр бантысы. Ногдзинæдтæ чи уарзы, æмæ æвзаджы сыгъдæгдзинад бахъахъхъæныныл чи архайы, уыдоны тыххæй бæлавырддæр радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Æвзонг зарæггæнæг Дзгойты Фаризæ музыкæимæ зонгæ кæнын райдыдта 6 азы размæ. Уæд ыл цыди æрмæстдæр 7 азы, æмæ йæ дисы бафтыдтой, телевизорæй кæй уыдта, уыцы популярон артисттæ. Ныртæккæ Фаризæйы репертуары ис æртæ зарæджы. Цыппæрæм та хъуамæ фæзына июны райдиан. æхсызгоныл ма банымайæн ис уый дæр, æмæ æрæджы æвзонг зарæггæнæг сси Æппæтуæрæсеон конкурсы уæлахиздзау.

Фаризæйы зæрджыты продюсер æмæ вокалæй педагог у Илона Моргунова. Базонгæ сты дыууæ азы размæ. Илонæ ма йын æххуыс кæны текстытæ фыссын дæр. Ацы композицитæ се ппæтæн æнцон æмбарæн не сты, уымæн æмæ дзы арæх æмбæлынц тæккæ нырыккондæр дзырдтæ, ома æндæр æвзæгтæй æрбайсгæ. Уымæй дарддæр ма фæсивæдон лексикæ дæр. Илонæ куыд зæгъы, афтæмæй ахæм дзырдтæй пайда кæнынц, цæмæй зарджытæ рæзгæ фæлтæры хсæн парахат кæной, уый тыххæй.

Экзотизмтæ, афтæ хуыйнынц нырыккон дзырдтæ, æппынæдзух модæйы тæваг нæ вæййынц. Хатгай ног дзырд вæййы æндæр æвзагæй æрбайсгæ. Раздæр баст уыдысты паддзахадты хсæн æмæ æддагон политикæйы архайдимæ. Ныртæккæ та у бæрзонд технологиты райрæзты дуг. Æмæ ног дзырды нысаниуæг базонæн ис чырæ телефоны дæр.

Нырыккон дзырдты уацары æрмæст фæсивæд нæ бацыдысты, фæлæ ма æндæр кары адæм дæр. Уый уымæн, æмæ хатгай уыцы дзырдтæ æнцондæр дзурæн сты, уырыссаг æвзагмæ сæ тæлмац кæныны бæсты. Бирæ дзырдтæ официалон æгъдауæй баххæст кодтой Уæрæсейы наукæты академийы орфографион дзырдуат. Æдæппæтæй ивгъуыд аз дзырдуат фæхъæздыгдæр 150 ног дзырдæй. Фæлæ уыцы фæсарæйнаг дзырдтæм филологтæм ис æндæр цæстæнгас. Иуырдыгæй æвзаг хъуамæ кæна хъæздыгдæр ног терминтæй. Фæлæ иннæрдыгæй та сæ бирæ хæттыты ис баивæн хи æвзагæй ист дзырдтæй, – зæгъынц, ахуыргæндтæ.

Кæддæр зындгонд ахуыргонд æмæ рухстауæг Михаил Ломоносов дзырдта – уырыссаг æвзаг у хъæздыг, рæсугъд æмæ тыхджын. Иунæг европæйаг æвзагæй дæр дæлдæр нæ лæууы. Стыр ахуыргонды ныхæстæ актуалон уыдзысты фидæны дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania