филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:44 воскресенье, 01 февраля 2026
09 октября 2024, 10:35
Нæ дарддæры сюжеты хъайтар у сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг Сæгитты Аслан

Йæ радзырд «Герои-шутники» хаст æрцыд чиныгмæ «Жизнь за други своя»- мæ

Нæ дарддæры сюжеты хъайтар у сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг Сæгитты Аслан. Æрмæст хæцæнгарзимæ архайын нæ зоны. Æмхиц у сфæлдыстадмæ дæр.  Йæ радзырд «Герои-шутники» хаст æрцыд чиныгмæ «Жизнь за други своя»- мæ. Уый у, абон хæцгæ чи кæны, уыцы лæппуты мысинæгты æмбырдгонд. Бæлвырддæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Сæгитты Аслан 2022 азы бархийæ ацыд сæрмагонд æфсæддон операцимæ. У хъайтар хæстон. Уæрæсейы президæнты уынаффæмæ гæсгæ хорзæхгонд æрцыд «Жуковы» æмæ «Суворовы» майдантæй. Йæ хæрзиуджытæй не *ппæлы. Цæй тыххæй ын лæвæрд æрцыдысты, уый дæр нæ дзуры. Æрмæст патриот нæу. Йæ царды  ма йын фæзынд иу æхзысгондзинадхæссæг хъуыддаг.  Цæгат Ирыстонæй Аслан у иунæг, йæ радзырд сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты æмæ ветеранты Захар Прилепины литературон æмбырдгонд «Жизнь за други своя»-мæ хаст кæмæн æрцыд, ахæм.  «Герои-шутники»  у æцæг хабар,  хъæлдзæгдзинадæн тæссаг уавæрты дæр бынат кæй ис, уый  æвдисæг.

Асланы радзырд ныммыхуыр кæныны хъæппæрис сæвзæрд социалон координатор Темырты Аленæйы зæрдæйы æмæ йын уайгæ дæр ракодта. Темырты Аленæ дыууæ азы дæргъы йæ цæст дары Сæгитты бинонтæм. Асланæй уæлдай сæрмагонд æфсæддон операцийы архайынц йе * рвадæлтæ 7-æй.

Чиныг «Жизнь за други своя» у æфсæддонты мысинæгты æмбырдгонд. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ, медицинон кусджытæ æмæ хæстон цауты иннæ æвдисæнтæ дзурынц  æфсæддонты цардыл, сæ хъайтардзинадыл, мысынц сæ хæстон хæлæртты.

Аслан фæнд кæны йæ хæстон хæлæрттæм ацæуынмæ. Сæрмагондд æфсæддон операцийы архайæгмæ йæ хæдзары фенхъæлмæ кæсынц йæ бинонтæ. Йæ фырт Батрадзы куы бафæрсай, чи у дæ уарзон хъайтар, уæд уайтагъд фæзæгъы, мæ фыд, зæгъгæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania