филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:12 суббота, 28 сентября 2024
14 января 2021, 12:15
Нæ дуджы хъайтартæй иу – Тобойты Цæрæг

Кæд не хсæн нал ис, уæддæр цæрынц йæ арфæйаг хъуыддæгтæ

Алы дугæн дæр, царды алы къабæзты, ис йæхи хъайтартæ. Кæцыты фæрнджын хъуыддæгты кой фæлтæртæ дæттынц кæрæдзимæ. Афтæ Дыгуры районы цæрджытæн æнæзонгæ нæу Тобойты Сергейы фырт Цæрæджы ном. Æнæ уымæй нæ ивгъуыдта иу мадзал дæр Дигорайы. Алкæддæр цæттæ уыд йæ уды рухсдзинадæй иннæты дæр фæхайджын кæнынмæ. Кæд, йе нусон дунемæ ацыд, уæддæр йæ ном йæхæдæг сæнусон кодта йæ бирæ ныффыст æрмæджытæй æмæ сконд хъуыддæгтæй.

Тобойты Аслан зæрдиагæй кæсы йæ Баба Тобойты Цæрæджы фыст æмдзæвгæтæ. Фæлæ, уыдон кæд бакæсæн ис, уæддæр æнкъард кæны, йæ уарзон Хистæримæ йæ бон кæй нал у шашкæтæй ахъазын, рæсугъд ныхæстæ ракæнын. Уæвгæ, Цæрæг канд йæ бинонты зæрдæты нæ баззад, фæлæ йын йæ рæдау уды ахадындзинады миниуджытæ бахъуыды кодтой бирæтæ. Сæ иу, Тобойты бинонты цард искæйы ныхæстæй чи нæ зоны, уыцы Хæллаты Азæ.

Тобойты Цæрæг бирæ фæлтæрты уды бауагъта рæйдзаст æнкъарæнтæ, рæстдзæвин хъуыдытæ. Дигорайы скъолаты кусгæйæ йæ зонындзинæдтæй хайджын кодтæ кæстæр фæлтæр. Уæдæ мадæлон æвзагмæ уарзондзинад та йын йæ размæ æвардта стыр хæстæ æмæ сæ саразынæн агуырдта гæнæнтæ.

Цæрæджы царды фæндаг уыд ирд æмæ цымыдисаг. Зонындзинæдтæ райсынмæ тырнгæйæ ныххæццæ Мæскуымæ. Уым каст фæци Горькийы номыл литературон институт. Æмæ йын уым дæр иу æмæ дыууæ хатты нæ фæбæрæг кодтой йæ æнæбафæзмгæ курдиаты миниуджытæ.

Йæ æмдзæвгæтæ æмæ иннæ æрмæджытæ мыхуыргонд цыдысты республикон газзеттæ æмæ журналты. Дзæбæх йын сæ хъуыды кæнынц æмæ сæ дарддæр фæлтæртæмæ хæссæнц Журнал «Ирæф»-ы редакцийы кусджытæ.
Цæрæг стыр æвæрæн бахаста Ирыстоны сфæлдыстады хæзнадонмæ йæ тæлмацгонд æрмæджытæй дæр. Йæ фæрцы Дыгуронау сдзырдтой зындгонд авторты фыст пьесæтæ. Уæдæ йæ поэмæтæ æмæ радзырдты мидисы историон ахадындзинад дæр къаддæр нæу.

Æвæццæгæн йæ Фыдыбæстæйæн,йæ уарзон адæмы хаттæн аргъ кæнын чи зона, уый йæ бинонты мидæг дæр уаддзæн зæрдæхæлардзинады уидæгтæ æмæ дзы хайджын кæндзысты йæ кæстæртæ дæр. Афтæ Цæрæг йæ кæстæрты дæр бабаста ахуыры фæндагыл, йæ чызг Зæлинæ, равзæрста йæ фыды дæсныйад æмæ кусы ахуыргæнæнгæй.

Уæдæ фæрнджын кæстæртæ чи схъомыл кæна, уыцы хистæрты фæллæйттæн дæр фесæфынæй тæссаг нæу. Кæд Тобойты Цæрæджы сывæллæттæй фыссæджы курдиат никæмæ ма раргом, уæддæр сæ кадджын, адæмуарзон фыды куыстыты уд бауадзыныл æмæ сæ фæлтæртæмæ хæццæ кæныныл та кусынц.

Тобойты Сергейы фырт Цæрæгæн Хуыцау цы æзтæ саккаг кодта, уыдоныл афæлгæсгæйæ æмбæлы зæгъын, йæ алкæцы дæр йын дзы кæй уыд æхсæнадæн æмæ адæмæн пайдайаг. Цы стыр архайд кодта куыд фæсивæды патриотон хъомыладыл, афтæ Ирон адæмы съездты æмæ æндæр мадзæлтты архайгæйæ, уый та у бафæзминаг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania