Нæ программайы æрмæджы хъайтар у, фæсном»Мгновенный»-имæ хæстон. Сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы равдыста сгуыхтдзинад. Мæйæ фылдæр иунæгæй хъахъхъæдта позицитæ. Йæ лæгдзинады тыххæй йæ командад балæвæрдта Уæрæсейы Хъæбатыры ном райсынмæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
44 боны фæсном «Мгновенный»-имæ хæстон урæдта сæйрагдæр позицитæ сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы – иунæгæй. Сси удуæлдай тохы символ. Хуссар æфсæддон зылды танчыты 68-æм гвардион полчы æхсæг йæ хæстон хæларимæ райста хæс – знаджы ныппырх кæнын, æхсæн бынат бацахсын æмæ позицитæ бахъахъхъæнын. Алцыдæр райдыдта знаджы блиндажы æнтыстджын штурмæй.
2 къуырийы фæстæ радон æхсты рæстæг Мгновенныйы æмбал фæмард. Дарддæр ныхмæлæууæджы атакæтæн ныхкъуырд дæттын хъуыд иунæгæй. Баххуыс кодта хиндзинад. Хæстон скодта мæнг позици йæ акъоппы ныхмæ æмæ уым ныууагъта 2 рацийæ иу.
Сæдæгай æхст нæмгуытæ æмæ дрон-камикадзетæ, дæсгай салдæттæ иу хæстоны ныхмæ. Æххуыс арвитыны гæнæн нæ уыд æдзух æхстыты æмæ знаджы техникæйы активон цыды тыххæй. Мгновенный ныппырх кодта, йæ фæстæ чи цыд, уыдоны се *ппæты дæр.
Ротæйы командæгæнæг фæсном «Стич»-имæ у Цæгат Ирыстонæй рацæугæ. Йæ хæстоны архайдæн координаци лæвæрдта æмæ йын уæлдæфæй æххуыс кодта.
Ныр уыцы цауты тыххæй зæрдыл лæууын кæныны хæстоны цæсты бын чысыл цæф. Йæ хъæбатырдзинады тыххæй йæ командад балæвæрдта Уæрæсейы хъæбатыры ном райсынмæ.




