филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:00 воскресенье, 01 февраля 2026
11 марта 2024, 20:30
Нæ рагфыдæлтæм æгъдауы бындур æмæ ратæдзæн сылгоймаджы æфсарм уыд

Куыддæр-иу сабийы карæй ахызт, афтæ йын-иу йæ алы сдзырд, йæ алы фезмæлды дæр агуырдтой уаг æмæ æгъдау, йæ уды йын биноныг кодтой ирон фарн

Сылгоймаг – æгъдау æмæ æфсарм, царды фидауц, бинонты фарн. Нæ рагфыдæлтæм æгъдауы бындур æмæ ратæдзæн сылгоймаджы æфсарм уыд. Куыддæр-иу сабийы карæй ахызт, афтæ йын-иу йæ алы сдзырд, йæ алы фезмæлды дæр агуырдтой уаг æмæ æгъдау, йæ уды йын биноныг кодтой ирон фарн.

Алы адæймаг дæр бæллы æрхъуыдыдзинадæй æххæст уæвынмæ. Касаты – Дзытиаты Татьянæ 36 азы балæвар кодта кæстæр фæлтæры хъомыладæн. Йæхи сывæллæттæу аудыдта Черменыхъæуы скъолайы ахуырдзаутыл. Абон та йын раарфæ кæнынмæ æрбацыд йæ уыцы арфæйаг ахуырдзаутæй иу  Хъуыссæты Мæирбег.

Рагон къамтæ бирæ хъуыддæгтыл дзурæг вæййынц. Татьянæ æрхæндæг хъуыдытимæ мысы йе рыгон бонтæ, йæ зæрдæйæн æхцондзинад цы рæстæг хæссы, уыцы царды æвдисæнтæ хъахъæны цæстыгагуыйау.

Татьянæйы бæллицмæ фæндæг, ахуыргæнæг суæвынмæ тырнындзинад, æгæрон уыд. Хæсты сывæллонæн кæд æнцон нæ уыд, дæсныйад райсын, уæддæр ын зындзинæдты  сæрты хизгæйæ бантыст æмæ  сси фæзминаг ахуыргæнæг.

Хистæрæн йæ зæрдæ барухс кæнынæн æдзухдæр рæстæг ссарын хъæуы, зæгъы Мæирбег. Уыцы фæтк куы ферох кæнæм, уæд нæ адæмы хатты хъару сæфгæ кæны. Хи дæнцæгæй хуыздæр дæнцæг нæй, дзырдта нын нæ ахуыргæнæг Татьянæ.

Афтæ фæзæгъынц ахуыргæнæг дæсныйад нæу, фæлæ æрдзæй лæвæрд хъуыддаг. Татьянæмæ хъуысгæйæ, уыцы хъуыдыйы мидисыл æнæ бæууандгæ нæй. Уый æвæллайгæйæ, сарыстырæй хаста бинойнаджы, чындзы, мады, уыимæ ахуыргæнæджы кадджын ном. Уæдæ ма, уæлдай ныхасы аккаг у, йæ сæры хицауы цардвæндаджы кой Касаты  Амырбег уый дæр цæргæбонты фæкуыста математикæйы ахуыргæнæгæй. Сæ иумæйаг цард та сæ алкæуыл дæр, æхсæнады цур, æвæрдта уæлдай хæстæ, æмæ сын разындысты фæразон.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania