филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:58 воскресенье, 01 февраля 2026
07 июля 2022, 11:51
Нæ республикæ хъæздыг у кадджын хистæртæй, сæ иу, фæллойы ветеран Будайты-Бæзыты Олга

Уый кæд царды зындзинæдтæ йæхиуыл æххæстæй бавзæрста, уæддæр хъаст никуы кодта

Нæ республикæ хъæздыг у кадджын хистæртæй. Сæ алкæцы дæр дзы у æмæ уыди фæлтæртæн фидæны фæндаг аразæг. Сæ иу, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг фæсфронты активон архайæг, фæллойы ветеран Будайты-Бæзыты Олга. Уый кæд царды зындзинæдтæ йæхиуыл æххæстæй бавзæрста, уæддæр хъаст никуы кодта. Фæндыди йæ  æхсæнадæн хорздзинад скæнын. Цы 94 азы фæцард, уыдонæй алкæцы дæр уыд хъæздыг йæ царды хæзнатæй. Ирыстоны сфæлдыстады хæзнадонмæ цы æвæрæн бахаста, уый та пайдайаг уыдзæн нæ фыдæлты истори æмæ æгъдæуттæ бахъахъхъæнынæн. Бæстондæр нын йæ царды хабæрттæ ракæндзæн Сосранты Жаннæ.

«Зондамонæг», «царды скъола», зæгъгæ, куы фæзæгъынц нæ уарзон  хистæрæй, уæд нæ зæрдæтæ  байдзаг вæййынц сæрыстырдзинадæй. Ацы хъуыдытæ зæгъæн ис  Будайты-Бæзыты Хамæзайы чызг Олгайæ дæр. Олга хорз зыдта нæ адæмы этнографи  æмæ адæмон сфæлдыстад, не ‘взаг æмæ нæ   фыдæлты æгъдæуттæ, уыд  номдзыд таурæгъгæнæг.

Йе ‘мдзæвгæтæ, рагон таурæгътæ мыхуыргонд цыдысты республикон газетты æмæ журналты. Олга ныффыста бирæ æрмæджытæ фидæны фæлтæртæн истори, æвзаг æмæ æгъдæуттæ зонынæн. Йæ иу –  Бæзыты мыггаджы чиныг «Бæзытæ», иннæ – «Фæрнæй цæр, Задæлеск!» –  æрфыста дзы Бæзыты хæстон лæгты цард, стæй  рагон дыгурон дарæс æма хæринæгтæ, æгъдæуттæ, æмбисæндтæ,  уадзæндзырдтæ,  æмдзæвгæтæ.

Олгайы мысинæгтæм гæсгæ  бирæ хабæрттæ  ныффыстой ахуыргæндтæ. Будайты-Бæзиты Олга арæх уыд равдыстыты æмæ уацымысты хъайтар

Будайты-Бæзыты Олга райгурд 1928 Задæлескы. Олга йæ сабийы бонты фæхайджын йæ дзырддзæугæ хистæрты зондæй – йæ фыды фыд Бæзыты Инал Лалойы фырт æмæ йе ‘фсымæр Бæзыты Саулох  Лалойы фырт уыдысты зындгонд таурæгъгæнджытæ – Мæскуы æмæ Ленинградæй  сæм 30-æм азты ахуыргæндтæ  цыдысты фæрсынмæ. Олга, Задæлескы æнæххæст астæуккаг скъолайы сахуыр кæнгæйæ, ахуырмæ бацыд Махческы скъоламæ, уый фæстæ   Чырыстонхъæуы  2-æм астæуккаг скъоламæ.    

Олга йæ цард сбаста Будайты Хангериимæ, стæй куыста Толдзгуны хъæусоветы сæргълæууæгæй  æмæ колхозы  разамонæгæй.

Олга раджы баззад сидзæргæсæй, фæлæ йæ хæдзар æмæ йæ кæстæртæ алкæддæр уыдысты фæзминаг. Схъомыл кодта дыууæ фырты æмы чызг .  Будайты-Бæзыты Олгайæн уыд  диссаджы  удысконд, уыд фæлмæн мад æмæ нана, адæмуарзон, сыгъдæгзæрдæ адæймаг, цæстуарзон зодамонæг – афтæмæй баззайдзæн йæ хиуæтты, сыхбæсты, йæ райгуырæн Задæлескы, Толдзгуны æмæ Куырттаты хъæубæсты цæрджыты зæрдæты дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania