филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:13 суббота, 28 сентября 2024
02 сентября 2020, 14:10
Нæ республикæ цæттæ кæны хъæлæс кæныны иумæйаг бонмæ

3 районы – Горæтгæрон, Алагиры æмæ Æрæфы районты æвзардзысты сæ хъæуты администрациты сæргълæуджыты

Нæ республикæ цæттæ кæны хъæлæс кæныны иумæйаг бонмæ. Уыдзæн 13-æм сентябры. 3 районы – Горæтгæрон, Алагиры æмæ Æрæфы районты æвзардзысты сæ  хъæуты администрациты сæргълæуджыты. Хауынц сæм Архонкæ, Мызур, Майрæмæдаг æмæ Сечеры хъæутæ. Республикæйы центрон æвзарæн къамисы арæзт æрцыдысты ахуыргæнæн семинартæ. Архайдтой дзы территориалон æвзарæн къамисты  сæрдартæ, секретарьтæ æмæ администратортæ. Республикон центрон æвзарæн къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæ куыд радзырдта, афтæмæй агитацион рæстæг  ацыд æнæ закъонхæлдтытæй. Æдæппæтæй æвзæрстыты архайынмæ балæвæрдтой 16 курдиаты. Уыдонæй 12 сты партитæй – «Иумæййаг Уæрæсе», «Родина» æмæ «ЛДПР»-æй. 4 адæймаджы та сæхæдæг балæвæрдтой сæ кандидатурæтæ.  Семинары рæстæг зæрдыл æрлæууын кодтой хъæлæс кæнын фæтк. Сæрмагондæй хицæн кæны эпидемиологон уавæрæй. Афтæмæй территориалон æвзарæн къамисты рагагъоммæйы хъæлæс кæныны фæтк райдадзæн абон – 2-æм сентябры. Хайæдты та 8-æм сентябрæй.

Уæ зæрдыл ма уын иухатт лæууын кæнæм иумæйаг хъæлæс кæнын бон та кæй уыдзæн 13-æм сентябры. Æвæзæрстыты рæстæг кусдзысты сæрмагонд цæстдарджытæ дæр. Æвзарæн бюллетеньтæ цæттæйæ æвæрд сты  сейфы, кæцы хъахъхъæнынц пълицæйæгтæ

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania