филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:17 суббота, 28 сентября 2024
12 февраля 2020, 12:22
Нæ республикæйы 7 мин скъоладзауы архайынц хатдзæгтæгæнæн ныхасы

Йæ бæрæггæнæнтæй аразгæ сты, иумæйаг паддзахадон фæлварæнмæ ахуырдзау уагъд æрцæудзæн æви нæ, уый

Абон нæ республикæйы 7 мин скъоладзауы архайынц хатдзæгтæгæнæн ныхасы. Йæ бæрæггæнæнтæй аразгæ сты, иумæйаг паддзахадон фæлварæнмæ ахуырдзау уагъд æрцæудзæн æви нæ, уый. Куыд бацæттæ кодтой рæзгæ фæлтæр хæслæвæрдтæ сæххæст кæнынмæ, уый тыххæй Касаты Наирæйы æрмæг.

Хатдзæгтæгæнæн ныхасмæ цæттæгæнæн мадзæлттæ кæронмæ æрхæццæ сты. Абон Уæрæсейы скъоладзаутæ архайынц фыццаг хæслæвæрдты. Æнтыстджын бæрæггæнæн у сæйраг паддзахадон фæлварæнмæ бацæуыны æвдисæндар. Фæлæ уый у, скъоладзаутæ цы программæты цыдысты, уый сфæлхат кæнын, зæгъынц ахуырдзаутæ. Æмæ ам карз æнкъарæнтæн бынат нæй. Фыццградон хæс у сывæллæтты сæ хъуыдытæ раст дзурыныл сахуыр кæнын. Разæй сæм æнхъæлмæ кæсы радон къæпхæн – иумæйаг паддзахадон фæлварæн.

Домæнтæм гæгсæ, цы зачет радтын хъæуы, ууыл рæстæг хардзгонд 15 минутæй йеддæмæ нæ цæуы. Фæлæ дзы ис фылдæр рæстæг чи ахсы, ахæм категоритæ дæр. Фæсивæды разæнгард кæны уый дæр, æмæ фарон фæлварæны ацы хуыз радтой скъоладзауты 98 %. Иннæтæн та радтой фадат, æмæ ма сæ тыхтæ бавзæрстой ноджыдæр иу хатт.

Æппæтадæмон æмæ æппæтуæрæсеон конкурсты лауреат, курдиатджын музыкант Георгий Куцури ахуыр кæны иттæг хорз бæрæггæнæнтыл. Скъоладзауы фидарæй уырны, ацы хæслæвæрдтæ æнцонтæй кæй сæххæст кæндзæн, уый. Хацырты Зæлинæ та фыссы æмдзæвгæтæ. Йæ зæрдæ дары, ахуыргæнæгимæ ныхасы йын йæ курдиат кæй баххуыс уыдзæни, ууыл.

Ахуырдзаутимæ ныхасмæ цæстдард цæуы видеокамерæты руаджы. Фæлæ сывæллæтты ацы хъуыддаджы фæдыл тыхсын нæ хъæуы, зæгъынц ахуырад æмæ наукæйы министрады.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania