филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:45 вторник, 17 марта 2026
25 февраля 2026, 11:15
Нæ республикæйы ацыдысты фыдыбæстæстæ хъахъхъæнджытæн кадгæнæн мадзæлттæ

Уæлдай æргом аздæхтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæм æмæ архайджытæм

Нæ республикæйы ацыдысты фыдыбæстæстæ хъахъхъæнджытæн кадгæнæн мадзæлттæ. Уæлдай æргом аздæхтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæм æмæ архайджытæм. Дзæуджыхъæуы галиуфарсы хайы ныртæккæ цæры 3 ахæм хæствæллад хистæры: Каменева Валентина Семеновна, цæуы йыл 102 азы, Пагæты Алыксандр Михалы фырт. Ацы аз майы йыл сæххæст уыдзæн 101 аз. Стæй Варламов Александр Николаевич. Ууыл та августы сæххæст уыдзæн 101 аз. Цæгат-Ныгуылæн æмæ Фæстерчы районты администрациты кусджытæ æмæ базарадон хæдзæрттæй иу ракодтой зæрдиаг арфæтæ ветерантæн бæрæгбоны фæдыл. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджытæн ахæм фембæлд уыд тынг æхсызгон. Дзырдтой сæ мысинæгтæ хæстон фæндæгты тыххæй, стæй ракодтой арфæтæ республикæйы цæрджытæн. Сæ зæрдæ сын загъта фидар æнæниздзинад, фæрнджын æмæ амондджын цард. Иууылдæр иумæ æнхъæлмæ кæсæм сæрмагонд æфсæддон операци фæуынмæ æмæ Уæрæсейы цæрджыты рухс фидæнмæ. Зæгъын ма хъæуы уый, æмæ администраци ветерантимæ æнгом баст у канд бæрæгбæтты рæстæг нæ, фæлæ афæдзы дæргъы. Ацы хатт дæр кадджын хистæртæн ракодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania