филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:30 воскресенье, 01 февраля 2026
10 января 2023, 11:26
Нæ республикæйы бæрæгбæтты фæстæ цы заз бæлæстæ акалдзысты, уыдон ныммур кæндзысты

Республикæйы цæрджытæм сиды, цæмæй заз бæлæстæ ма вæрой бырæтты контейнерты, фæлæ сæ ахæссой, егъау коммуналон хауæддзæгтæ кæм æмбырд кæнынц, уыцы бынæттæм

Нæ республикæйы бæрæгбæтты фæстæ цы заз бæлæстæ акалдзысты, уыдон ныммур кæндзысты æмæ сæ спайда кæндзысты хъæууонхæдзарады — хъусын кæны цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министрад. Регионалон оператор ЭРÆ республикæйы цæрджытæм сиды, цæмæй заз бæлæстæ ма вæрой бырæтты контейнерты, фæлæ сæ ахæссой, егъау коммуналон хауæддзæгтæ кæм æмбырд кæнынц, уыцы бынæттæм. Уый размæ та бæлæстæ хъæуы ныссыгъдæг кæнын ногбонты аивгæнæнтæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania