филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:43 четверг, 02 мая 2024
11 января 2024, 13:17
Нæ республикæйы фадынæгæй рынчынты нымæц нæ фæфылдæр

Ныридæгæн медицинон бæстыхæйтты уыцы низæй сæхи дзæбæх кæнынц 15 адæймаджы

Нæ республикæйы фадынæгæй рынчынты нымæц нæ фæфылдæр. Ныридæгæн медицинон бæстыхæйтты уыцы низæй сæхи дзæбæх кæнынц 15 адæймаджы. Низы ныхмæ сæйраг хос – вакцинæ Вактривир. Ис горæты поликлиникæты æмæ дзы парахатæй  пайда кæнынц рынчынты хсæн. Вакцинæ скæныныл чи не сразы, уыцы адæмæн цæмæй тæссаг у, уый тыххæй радзурдзæн Тъехты Элинæ.

Скъолайы, дуканийы æмæ ма уынгты дæр… Фадынæгæй адæймаг кæм фæрынчын уыдзæн, уый бæрæг нæй. Низ йæ амæттагыл цæмæй фæулахиз уа, уымæн бирæ нæ хъæуы. Зæгъæм, фаг ын у, адæймаг низы ныхмæ хос афойнадыл куы нæ скæна, уый дæр. У хæцгæнизыл нымад. Йæ сæйраг æвдисæнтæ сты ахæмтæ:  адæймаджы буары тæвд вæййы бæрзонд, рафады, райдайы хуыфын æмæ фæтыхсы рухсæй. Тæссаг у, уæззау уавæрмæ йæ бон расайын кæй у, уымæй дæр. Адæймагæн зын вæййы улæфын, хорз нал фæхъусы æмæ хорз нал фæуыны. Вирус у хинæйдзаг. Фылдæр хæттыты, 10 бонмæ йæхи дæр нæ равдисы.

Фадынæг уæлдай тæссаг у хистæртæн. Уымæн æмæ сывæллæттæн уыцы низ рогдæрæй ацæуы. Æмæ йыл æнцонæй фæтых уыдзæн, æрмæстдæр афойнадыл йæхицæн хос чи скодта, уыцы рынчын.

Уыимæ специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй æнæмæнг хъæуы вакцинæ скæнын. Низы ныхмæ хостæ цас фылдæр адæм скæной, уыйас къаддæр уыдзæн рынчынты нымæц дæр.

Ныриæдæгæн рынчындоны фадынæгæй сæхи дзæбæх кæнынц 15 адæймаджы. Уæззау уавæры не сты, сæ цардæн тæссаг нæу. Æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрад лæмбынæг кæсы, поликлиникæтæ низы ныхмæ хостæй куыд ифтонг сты, уымæ.

Эпидемиологон уавæрмæ фадынæгæй нæ республикæйы дарддæр цæуы бæстон цæстдард. Фæлæ ам сæйрагдæр у, фыццаджыдæр, адæймаг йæхимæ куыд зилы, стæй йæ алыварс цы адæм ис, уыдоны куыд хъахъхъæны, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania