Уый тыххæй æдасдзинады мадзæлттæ хæццæ кæндзыстæм дарддæр — загъта Сергей Меняйло оперативон штабы æмбырды рæстæг
Нæ республикæйы къаддæр кæны коронавирусæй рынчынты нымæц, фæлæ уæддæр уавæр у зæрдæхсаинаг. Уый тыххæй æдасдзинады мадзæлттæ хæццæ кæндзыстæм дарддæр — загъта Сергей Меняйло оперативон штабы æмбырды рæстæг. Уæрæсейы фæлхасадмæ цæстдарды регионалон хайад куыд хъусын кæны, афтæмæй ковид стационарты уæгъд бынæтты бæрц у 32 %. Уый нымайгæйæ æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрадæн загътой, цæмæй Горæтгæрон районы рынчындæтты мауал æвæрой коронавирусæй рынчынты, фæлæ дзы байгом кæной терапевтон хайæдтæ. Сергей Меняйло фау æрхаста поликлиникæты куыстмæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, тестытæ фаг нæ кæнынц, стæй амбулаторон уагæй чи дзæбæх кæны, уыцы рынчынтæм нæй нывыл каст. Бæлвырд дзырдтой, нæ республикæйы вакцинаци куыд цæуы, уый тыххæй дæр. Цæгат Ирыстоны прививкæтæ скодтой цæрджыты 38 проценты, Уæрæсейы та уыцы бæрæггæнæн у 60 проценты. Республикæйы разамонæг куыд загъта, афтæмæй хъæуы фæахадгæдæр кæнын ацæргæ адæмы хсæн амонæн куыст.




