Бæстон æркасти Мæздæджы районы социалон объектты арæзтадмæ
Нæ республикæйы кусæг балцы уыд Уæрæсейы президенты æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды Александр Матовников. Бæстон æркасти Мæздæджы районы социалон объектты арæзтадмæ. Æххæстбарджын минæвар ма æркасти Мæздæджы территорийы аивдзинадмæ дæр. Аргъ скодта Дубининты æфсымæрты номыл цалцæггонд скверæн. Æмтгæй райсгæйæ, бæрнон кусæг баззад разыйæ. Фæстæдæр та йæ разамындæй арæзт æрцыд кусæг æмбырд, районы социалон-экономикон райрæзты фарстаты фæдыл. Кусæг балцы тыххæй бæстондæр радзурдзæн Моргуаты Ладæ.
УФ-йы президенты æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы Федералон зылды Александр Матовников Мæздæджы районы фыццаг бабæрæг кодта Луковскæйы рæвдауæндоны арæзтад. Объект эксплуатацийы хъуамæ радтой афæдзы кæронмæ. Ам бынат уыдзæн 150 сывæллонæн. Æххæстбарджын минæвары базонгæ кодтой, куыстытæ куыд цæуынц, уыимæ радзырдтой, бынæттон арæзтадон организацийы 40 кусæджы дзы кæй архайы. Фæрæзтæ та дихгонд сты Федералон æмæ республикон бюджетæй.
Александр Матовниковы фæндыд базонын, рæвдауæндæтты рады цал сывæллæоны лæууы. Мæздæджы районы фарста у цæхгæр, фæлæ лыггонд цæуы сывæллæтты цæхæрадæттæм уæлæмхасæн арæзтæдты фæрцы. Ног объекттæ барæвдаудзысты 640 сывæллоны, фæзындзæн дзы 280 бынаты дæр.
Социалон объектты арæзтады æппæты фылдæр куыст цæуы ахуырады къабазы. Ног арæзтæдтæ цæуынц æнæ къуылымпыйæ, афойнадыл. Фæлæ ма æххæстбарджын минæвары бафæндыд базонын чи ис, уыцы ахуыргæнæндæтты архайд дæр. Республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав радзырдта, абон 130 кусæнуаты кæй сты бындуронæй цалцæггæнинаг. Фæлæ уымæн хъæуы фæрæзтæ.
Мæздæджы районы арæзынц, кæнæ та бындуронæй цалцæг кæнынц медицинон объекттæ дæр. Гом кæнынц ног амбулаторитæ æмæ фельдшерон-акушерон пункттæ. Александр Матовниковæн равдыстой районы поликлиникæйы ног корпус. 4 уæладзыгон бæстыхайы ис реабилитацион хайад, сылгоймæгты консультаци æмæ сывæллæтты поликлиникæ. Бæрнон адæм аныхас кодтой пациенттимæ дæр.
Ног корпус хъуамæ сарæзтаиккой 90-æм азты райдиан, фæлæ цавæрдæр аххосæгтæм гæсгæ куыстытæ баурæдтой, фарон та сæ сног кодтой æмæ сæрды райдиан байгом кодта йæ дуæрттæ.
Александр Матовниковæн ма радзырдтой, республикæйы кусын кæй райдыдта санавиаци. Стæй фидæнмæ нысанты тыххæй дзургæйæ фæбæрæг кодтой, районы рынчындоны бындурыл кæй байгом уыдзæн тугдадзинтæ дзæбæхгæнæн хайад дæр.
Æххæстбарджын минæвар аргъ скодта Дубининты фсымæрты номыл арæзт фæлладуадзæн фæзуат. Проект æххæстгонд цæуы программæ «Горæты æнцонвадат архайд» æххæстгæнгæйæ. Сæвæрдтой дзы къахвæндаджы дур, скодтой сывæллæтты фæзуат, бандæттæ æмæ рухсытимæ. Александр Матовниковæн ма равдыстыой, арвы комы фæндаг кæцæй райдайы, уыцы дур дæр.
Уый фæстæ Мæздæджы администрацийы нæ республикæйы сæргълæууæгимæ сын уыд ныхас.
Бæрнон уазæг ссыд, цæмæй сбæрæг кæна Мæздæджы районы цы ивддзинæдтæ цæуы, уый. Æмбырды рæстæг радзырдта социалон-экономикон райрæзты бæрæггæнæнты тыххæй.
Александр Матовников фæбæрæг кодта, районы цæрджыты нымæц кæй фæфылдæр. Фæлæ уæддæр ис хъæндзинæдтæ, зæгъæм æгуыст адæмы нымæц, стæй Цæгат Кавказы регионы кæй нæ фаг кæны медицинон кусджытæ. Уыимæ Цæгат Ирыстоны ацы фарста у æппæтæй хуыздæр. Битарты Вячеслав загъта, ахсджиаг къабаз кæй у, хъæууон хæдзарад дæр, абон æргом здæхт цæуы донхорыггæнæн хъуыддагмæ. Стæй ма фæнысан кодта, кæй ис инвестор, æхсыры куыст кæныны заводы райрæзтмæ æфтиаг бахæссынмæ чи хъавы, ахæм.
Мæздæджы районы социалон-экономикон райрæзты программæ фыст уыд 2016-æм азы. Йæ сæххæст кæнынæн радих кодтой 3 миллиард сомы.




