филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:57 понедельник, 13 мая 2024
13 сентября 2019, 15:58
Нæ республикæйы ныртæккæ цы социалон объекттæ цалцæг кæныц, уыдонмæ хауынц сывæллæтты республикон æмæ тагъд æххуысы клиникон рынчындæттæ

Ног рацарæзт цæуы дохтырты фæндонтæ хынцгæйæ

Нæ республикæйы ныртæккæ цы социалон объекттæ цалцæг кæныц, уыдонмæ хауынц сывæллæтты республикон æмæ тагъд æххуысы клиникон рынчындæттæ. Ног рацарæзт цæуы дохтырты фæндонтæ хынцгæйæ. Бæстыхæйттæ куы сцæттæ уой, уæд сæ сифтонг кæндзысты ног, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм кусæнгæрзтæ. Темæ дарддæр хæццæ кæны Моргуаты Ладæ.

Сывæллæтты республикон рынчындоны цæуы егъау рацарæзт. Куыддæр уæлæмхасæн бæстыхай арæзт фæуа, афтæ чысыл пациентты уырдæм раивдзысты æмæ зæронды райдайдзысты цалцæггæнæн куыстытæ. Инфекцион корпустæй иуы та сараздзысты поликлиникæ. Ацы рынчындоны рацарæзт цæуы дыууæ къæпхæны, ацы æмæ иннæ аз. Объекттæн радих кодтой 1 млрд 56 милуан сомы федералон фæрæзтæй. Проектмæ гæсгæ дзы ацы азбакуысдзысты 741 милуаны

Арæзтадон минситрады специалисттæ зæгъынц кæй æууæндынц подрядон организацийыл. Уымæн æмæ æнтысджынæй бакуыстой сывæллæтты инфекцион низты корпусы, стæй рæуджыты низты рынчындоны. Подрядон организацийы кусынц фæлтæрджын специалисттæ. Зæгъынц техникон æмæ финансон зындзинæдтæ не йафынц.

Тагъд æххуысы клиникон рынчындоны бындурон цалцæг скæндзысты морг, гинекологон хайад æмæ гастроэнтерологи. Нырыгонд ацы корпусты тынг заууат ныисты. Сæйраг дохтыры хæдивæг Пилиты Наннæ нын равдыста гастроэнтерологийы хайады цы куыстытæ цæуы уый. Рацарæзтмæ дарынц сæ цæст æмæ бахъуаджы сахат аразджытимæ бахæссынц ивддзинæдтæ. Зæгъæм фæуæрæхдæр кодтой дуарттæ, алы палатæ дæр дзуапп дæтдзæн санитарон домæнтæн.

Уымæй уæлдай ма балхæндзысты нырыккон кусæнгæрзтæ.

Проектмæ гæсгæ ацы рынчындонæн радих кодтой 215 милуан сомы. Уыдонæй уал бакуыстой 77. Тагъд æххуысы клиникон рынчындоны куыстытæ фæуыдзысты тагъддæр, ацы азы кæронмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania