филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:15 воскресенье, 01 февраля 2026
04 октября 2022, 11:38
Нæ республикæйы сæдæ нæуæдз фондз хъармгæнæны цæттæ сты зымæгон афонмæ

Уый тыххæй профилон штабы æмбырды фехъусын кодта цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министр Таматы Майрæн

Нæ республикæйы сæдæ нæуæдз фондз хъармгæнæны цæттæ сты зымæгон афонмæ — уый тыххæй профилон штабы æмбырды фехъусын кодта цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министр Таматы Майрæн. Куыстытæ цæуынц нысангонд фæткмæ гæсгæ, куыд Дзæуджыхъæуы, афтæ районты дæр. Уыимæ муниципалитетты хъæуы фæахадгæдæр кæнын цæттæдзинады паспорттæ исыны куыст. Нæ республикæйы ис дыууæ мины æмæ фондзсæдæ бирæуæладзыгон хæдзары æмæ уыдон хъуамæ уазæлттæ ралæуыны агъоммæ уой цæттæ — загъта министр. Хицауады сæрдар Дзанайты Барис куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй сæйрагдæр нысан у, цæмæй зымæгон афон æдыхстæй ацæуа æмæ республикæйы цæрджытæм хъарм æдыхстæй куыд цæуа, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania