Парти «Иугонд Уæрæсе» скодта мониторинг
Нæ республикæйы се нæниздзинад хъыгдард цы спортсментæн у, уыдонæн аразынц алывæрсыг фадæттæ. Парти «Иугонд Уæрæсе» скодта мониторинг. Уыдысты, инвалидтæ цы футболон фæзы фæархайынц, уым, Дзæуджыхъæуы 40-æм скъолайы, спорты галуан «Манеж»-ы, Калинины уынджы теннисæй кæм фæархайынц, стæй спортивон скъола «Юность»-ы. Æркастысты тренировкæты бынæттæм. Хатдзæгтæм гæсгæ скодтой фидæнмæ нысæнттæ. Цавæртæ – уый тыххæй бæстондæр радзурдзæн Тъехты Элинæ.
Парти «Иугонд Уæрæсе» скодта мониторинг. Æркастысты, се нæниздзинад хъыгдард цы спортсментæн у, уыдонæн сæ тренировкæты бынæттæм. Хъойбайты Зауырбег спортимæ æмхиц рагæй у. Архайдта армрестлингæй æмæ боксæй. Фæлæ йыл Электроцинчы заводы кусгæйæ æрцыд фыдбылыз. Зауырбег хорз нал уыдта. Уæд раивта спорты хуыз, æмæ райдыдта рог атлетикæйæ архайын.
Хъойбайты Зауырбег: «Æз Ирыстоны райгуырдтæн, æмæ нæм спорт тынг кадджын у. Рог атлетикæйæ архайдтон Уæрæсейы чемпионаты, æрæджы та Сочийы паралимпаг хъæзтыты. Ныр бæстæ змæст у, фæлæ уæддæр нæхи цæттæ кæнæм, цæмæй бахъуыд заманы нæхи хорз равдисæм, уый тыххæй».
Се нæниздзинад хъыгдард кæй у, уый нæ хынцгæйæ нæ республикæйы спортсментæ фæархайынц алыхуызон ерысты, ацæуынц Уæрæсейы горæттæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, бирæ хæттыты семæ сласынц фыццаг бынæттæ.
Гаглойты Валерий, Паралимпаг скъола «Стимул»-ы директор: «Нæ республикæйы нæ адæммæ кæсынц хорз цæстæй. Хицауад аразынц алы фадæттæ, цæмæй рынчын адæм тренировкæтæ кæной, уый тыххæй. Вæййæм фæсарæнты дæр, æмæ мæ бон фидарæй зæгъын у, махмæ æвзæрдæр кæй нæ у, уый».
Кæд спортсментæн ис фадæттæ, уæддæр æппæтæй æххæст не сты. Нæй сын бассейн. Уый та рынчын адæймагæн сæйраг у, уымæн æмæ ленк кæнгæйæ йын фæархайынц йæ æппæт хæцъæфтæ дæр.
Гаглойты Валерий, Паралимпаг скъола «Стимул»-ы директор: «Æнæмæнг нæ хъæуы бассейн, уымæн æмæ алы адæймагæн дæр у пайда. Куы фæленк кæнынц, уæд сæ хæцъæфтæ æндæр хуызон фæкусынц. Раздæр нын æй кæд лæвар лæвæрдтой, уæд ныр ахæм фадæттæ нал ис».
Кæд раздæр пандустыл хъуыды дæр нæ кодтой, уæд сын ныр фæзынд сæрмагонд лифттæ дæр.
Цæгæраты Руслан, «Иумæйаг Уæрæсе»-йы парламенты депутат: «Абон кæсæм, рынчын адæмæн адæмæн спорты фæрæзтæй куыд архайынц, уымæ. Уыдыстæм манежы, теннисæй кæм фæхъазынц, уым, стæй ма цалдæр федтам. Уавæр хуыздæр кæны, фæлæ ма бакусинаг фарстатæ дæр ис. Хъæуы нæ иумæйагæй бацархайын, цæмæй æнцонвадат бынæттæ уой фылдæр».
Мæздæджы цæрæг Виктор Лагодайæн йæ райгуырæн хъæуы уыд, чырæ телефонтæ кæм цалцæг кодта, ахæм бынат. Фæлæ йæ зæрдæ уæддæр æхсайдта спортмæ.
Хъысмæты ныхмæ нæ ацæудзынæ – зæгъы нæлгоймаг. Дзæуджыхъæумæ тренировкæтæ кæнынмæ цæуын куы сфæнд кодта, уæд уыцы рæстæг сцалцæг кодтой Дзæуджыхъæу – Мæздæджы фæндаг дæр. Нæлгоймаг балхæдта машинæ, æмæ къуыри 3 хатты цæуы Дзæуджыхъæумæ.
Теннисы руаджы адæм кусынц сæ зондахаст æмæ арæхстдзинады райрæзтыл.
Теннисы дæр, шахмæтты хуызæн хъæуы цалдæр къахдзæфы разæдр цæуын. Цыбыр рæстæгмæ хъуамæ ахъуыды кæнай хъазты цыдыл. Сæйрагдæр дзы тых нæ, фæлæ зондахаст æмæ арæхстдзинад у.
Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы минæвæрттæ хатдзæгтæм гæсгæ фидæнмæ скодтой нысæнттæ.
Уæлдай ахсджиаг у, цæмæй рынчын адæмæн тренировкæтæ кæнæн бынæттæ аразой скъолаты, Дзæуджыхъæуы 40-æм скъолайы хуызæн. Уымæн æмæ сывæллæттимæ куыст æхсызгондæр у спортсментæн сæхицæн. Рæзгæ фæлтæрæн та уый уыдзæн хъомыладон куысты хуызæн.




