Цъæй æрмæст рæсугъд пейзажтæй нæ бахъуыды кæнынц адæм, фæлæ ма йæ алæмæты уæлдæфæй, йæ кувæндæттæй æмæ сыгдæг бынæттæй
Нæ республикæйы цæрджытæ æмæ уазджытæ æппæтæй фылдæр кæй уарзынц, уыцы курортыл сæххæст 100 азы. Цъæй æрмæст рæсугъд пейзажтæй нæ бахъуыды кæнынц адæм, фæлæ ма йæ алæмæты уæлдæфæй, йæ кувæндæттæй æмæ сыгдæг бынæттæй. 1924-æм азы ам фæллойгæнджытæн байгом фæлладуадзæн Хæдзар. Фæстæдæр сси рæуджыты низтæй рынчынтæн санаторий. Се нæниздзинад фæфидардæр кæнынмæ ардæм цыдысты Советон Цæдисы алы рæттæй адæм. Ныртæккæ дæр Цъæйы цард цæдджинагау фыцы. Активонæй дзы архайынц альпинизмæй, арæзт фæцæуынц барды зарæджы фестивальтæ. Туристтæ та æрбацæуынц алæмæты цъититæ фенынмæ. Курорты историйы тыххæй бæстондæр радзурдзæн Фидараты Маринæ.
Цъæйы комы сæ фæллад суадзынмæ æрбацæуынц мингай адæймæгтæ. Ам сæ уæгъд рæстæг арвитынмæ æрæмбырд вæййынц Уæрæсейы алы регионтæй, стæй фæсарæйнаг бæстæтæй туристтæ. Се ппæт дæр цæттæ сты мингай километры сæрты ахизынмæ, цæмæй ацы комы рæсугъддзинад феной, уый тыххæй.
Ацы мæй Цъæйы курортыл сæххæст 100 азы. Йæ истори райдыдта ивгъуыд æнусы дыууынæм азты. Уæд ам райдыдтой фыццаг туристон балцытæ аразын. Фæзындысты базæтæ æмæ санаторитæ. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæстæ та Цъæйы комы се нæниздзинадыл æфтыдтой, цæфтæ чи фæци, ахæм салдæттæ æмæ офицертæ. Уымæй дарддæр ма ивгъуыд æнусы ам фæзынд альпинистон лагерь «Тыллæг». Уæвгæ, Цъæйы æрдзон уавæртæ иттæг хорз сты спорты ацы хуызæн. Ам ис алы бæрзæнды 50 хохы цъуппы. Бирæ хæттыты дзы арæзт цыдысты альпинизмæй ерыстæ. Се хсæн – æппæтуæрæсеон æмвæзадыл дæр, – зæгъы нæ республикæйы альпинизмы федерацийы кадджын президент Хæмыцаты Хъазыбег.
Альпинизмимæ иумæ Цъæйы комы парахат кæнынц спорты зымæгон хуызтæ дæр. Сезон райдайы ноябры æмæ фæвæййы уалдзæджы. Ам кусы бæндæнæй фæндаг. Ууыл абалц кæнæн ис 2 километры онг. Цъæйы ком уарзондæр бынат у туристтæн æмæ бынæттон цæрджытæн. Уыимæ афæдзы алы афоны дæр. Зымæджы ам фæбырынц къахдзоныгътыл æмæ сноубордыл. Сæрдыгон та саразынц туристон балцытæ. Ныртæккæ Цъæйы уыцы-иу рæстæг уæвынæн ис 800 адæймагæнг. Афæдзæй-афæдзмæ курорт кæны парахатдæр æмæ рæзы инфраструктурæ. Кусынц фысымуæттæ æмæ фæлладуадзæн базæтæ. Лæггæдтæ дæр сты алывæрсыг. Алчидæр дзы ссардзæн уарзондæр фæлладзуадзæн хуыз.
Цъæйы ком ма республикæйы цæрджытæн уæлдай уарзондæр у уымæн, æмæ дзы ис сыгъдæг бынæттæ æмæ кувæндæттæ. Сæйрагдæр та Рекомы кувæндон. Алы аз æм сæдæгай адæмтæ æрбацæуынц бакувынмæ æмæ бæрæгбон сбæрæг кæнынмæ. Сылгоймæгтæн æмæ цæуæн нæй, нæлгоймæгтæ та йæм, æгъдаумæ гæсгæ, бацæуынц бæгъæввадæй. Сæ ахсджиагдæр куывдтытæ вæййынц сабырдзинадимæ баст.
Цъæйы комæн ма ис хъæздыг культурон бынтæ. 2005-æм азæй фæстæмæ ам арæзт фæцæуы барды зарæджы фестиваль “Цейский вальс”. Цæгат Ирыстонмæ ссæуынц сæдæгай музыканттæ, æмæ арты цур фæзарынц сæ авторон зарджытæ.
Фидарæй зæгъæн ис уый, æмæ Цъæйы ком нымад у Цæгат Ирыстоны рæсугъддæр бынæттыл. Ам фенæн ис алæмæты пейзажтæ. Иу хатт сæ чи фены, уый сæ никуыуал ферох кæндзæн, уый бæлвырд у. Раст аргъауы хуызæн нæзы бæлæстæ, æнусон цъититæ, бæрзонд хохы цъуппытæ æмæ сыгъдæг цæугæдæттæ… Æмæ ахсджиаг у уыцы дисыфтауæг хъуыддæгтæ фидæны фæлтæртæн дæр бахъахъхъæнын.




