филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:36 суббота, 21 сентября 2024
02 июля 2019, 12:36
Нæ республикæйы цæрджыты 14% цух æййафынц хæрзхъæд нуазыны донæй

Афтæ фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн

Нæ республикæйы цæрджыты 14% цух æййафынц хæрзхъæд нуазыны донæй. Афтæ фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн. Дондзæуæнты сæйраг системæйы инвентаризаци аразгæйæ, рабæрæг, æмтгæй райсгæйæ, æнæхæрзхъæд донæй пайда кæй кæнынц нæ республикæйы 91 мин адæймаджы. Æппæтæй æвзæрдæр уавæр ис Алагиры районы. Æххæстæй дзы дон хæццæ кæны æрмæстдæр 23 процентмæ. Дондзæуæн системæйы анализ скодтой республикæйы æппæт 103 муниципалон сконды. Уыцы куыст цæуы, регионалон проект «Сыгъдæг дон» æххæст кæнгæйæ. Уый фæрцы хъуамæ 2024-æм азмæ зынгæ фæхуыздæр уа доны хæрзхъæддзинад. Сæрмагондæй уый тыххæй раздæр федералон бюджетæй радих кодтой 300 милуан сомы. Фæлæ бæстон анализы фæстæ, министрады зæгъынц, уыцы фæрæзтæ фаг кæй не сты. Системæйы рацарæзтæн 10 миллиард сомæй къаддæр нæ бахъæудзæн. Министр ма куыд загъта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны доны хæтæлты дæргъ у 4 мин километры. Уыимæ, се 73 проценты сты ивинаг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania