филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:23 суббота, 18 мая 2024
07 августа 2023, 12:17
Нæ республикæйы туризм рæзы тынг рæвдз

Ацы аз Цæгат Ирыстонмæ уазджытæ ссыдысты Уæрæсейы алы регионтæй

Нæ республикæйы туризм рæзы тынг рæвдз. Ацы аз Цæгат Ирыстонмæ уазджытæ ссыдысты Уæрæсейы алы регионтæй. Адæм куыд зæгъынц, афтæмæй сæ зæрдæмæ цæуы нæ регионы сыгъдгдзинад, æрдзы рæсугъддзинад, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы – хæрзад хойраг. Цæгат Ирыстоны фæлладуадзгæйæ ацæуæн ис бирæ рæсугъд бынæттæм. Фæлæ туристтæ арæхдæр абалц кæнынц хæхтæм. Цавæр æнкъарæнтæ сæвзæры адæммæ, Ирыстоны хæхтæ фенгæйæ, уый тыххæй радзурдзæн нæ уацхæссæг Тъехты Элинæ.

Каринæ æмæ Иринæ се мбæлттимæ Цæгат Ирыстонмæ ссыдысты фыццаг хатт. Сты Ивановойæ – чынддзон чызджыты горæтæй. Чызджытæ сты къамисджытæ, æмæ республикæйы рæсугъддзинадмæ кæсынц профессионалон цæстæнгасæй. Каринæ куыд зæгъы, афтæмæй йын Ирыстоны æрдз йæ зæрдæйы арф ран æвæрд у.

Нæ республикæйы инфраструктурæ рæзы афæдзæй – афæдзмæ. Хъæндзинæдтæ уайтагъд иуварсгонд æрцæуынц. Уыимæ фылдæр кæны туристты нымæц дæр.

Ирыстонæн йæ бон у Индийæ рæсугъддæр уæвын? Уыцы фарстайæн Елена Захарова дзуапп дæтты æнцонæй. Архайы йогæйæ. 4 азы дæргъы мастер цæуы хæхтæм, цæмæй сулæфа, адæймагыл хорз цы æрдзон тæваг ахады, уый. Йемæ сласы йæ ахуыргæнинæгты дæр. Куыд зæгъы, афтæмæй алыхуызон кæмттæ ахадынц адæймаджы удыл æмæ суанг буарыл дæр.

Хæхтæ, уæлдæф, адæм æмæ хæрзад хойраг. Лина Петренкойæн нæ республикæ рæсугъд хæхтæй фылдæр нысаниуæг хæссы. Сылгоймагмæ диссаг кæсы ирон адæмы хъæздыг истори æмæ нæ фыдæлты ном абон дæр кæй цæры, уый. Нæ республикæмæ ссыд 3-аг хатт. Ныр та ма йемæ скодта йæ фырты æмæ уый чызджы.

Цæгат Ирыстоны фæлладуадзгæйæ ацæуæн ис бирæ рæсугъд бынæттæм. Фæлæ туристтæ арæхдæр цæуынц хæхтæм. Уæдæ сæ зæрдæмæ цæуы нæ хæрзад хойраг. Уарзынц сæхæдæг дæр хæринаг кæнын. Гастротур æппæтæй парахатдæртæй иу у. Регионмæ бирæ туристтæ кæй ссæуы, уымæ гæсгæ ахджиаг у нæ культурæйы тыххæй дзурын.

Туристон стендтæ æвæрд сты Куырттаты, Алагиры, Дыгуры æмæ Мамысоны кæмтты. Сæ руаджы базонæн ис историон бынты æмæ куывæндæтты тыххæй æмæ афтæ дарддæр.

Историон объекттæ æмæ культурон бынты цыртдзæвæнтæ фенæн ис Дзæуджыхъæуы дæр. Цæмæй адæмæн æнцондæр уа, уый тыххæй горæты астæу æвæрд ис информацион хъусынгæнинæгты стенд. Хъæуы æрмæстдæр телефоны камерæ хæстæг бахæссын, QR коды уылты сæрмагонд программæмæ бахизын æмæ бæлвырд хабæрттæ фенын.

Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ нæ республикæйы туристон къабаз рæзы тынг рæвдз. Историон бынтæ хъæуы хъахъхъæнын æмæ сæ вдисын. Уымæн æмæ, Ирыстоныл балц кæнгæйæ, туристтæн уæлдай цымыдисаг нæ истори у.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania