Сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеран Деметы Зауыр Тарскæйы амоны национ инструменттæ аразын æмæ сыл цæгъдын
Нæ сюжеты хъайтар сывæллæтты зæрдæты Фыдыбæстæмæ уарзондзинад æвзæрын кæны этникон музыкæйы руаджы. Сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеран Деметы Зауыр Тарскæйы амоны национ инструменттæ аразын æмæ сыл цæгъдын. Рæстæгмæ йæ уарзон хъуыддаг æрлæууыд, йæ хистæр æфсымæры фæстæ сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ куы ацыд, уæд. «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» фонд баххуыс кодта реабилитаци ацæуынæн. Тагъд рæстæг та хъуамæ ацæуа йæ дыккаг хай. Деметы Зауыры хъомылгæнинæгтæ, сæ уарзон педагог цалынмæ йæхи дзæбæх кæна, уæдмæ сæ ахуыртæ нæ бауромдзысты. Бæлвырддæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.
Алы репетици дæр райдайы инструмент лæмбынæг цæттæ кæнынæй. Уый фæстæ национ музыкæйы зæлтæ баиу вæййынц историйæ нывæзт композицийы. Йæ дæсныйадмæ гæсгæ – физикæйы, зæрдæйы фæндонмæ гæсгæ та – музыкæйы ахуыргæнæг. Деметы Зауыр 4 азы дæргъы Тарскæйы хъæуы сывæллæтты ахуыр кæны национ инструменттыл цæгъдын.
Уарзон дæсныйад рæстæгмæ бахъуыд ныууадзын, Зауыр бархийæ йæ хистæр æфсымæр Сосланы фæстæ сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ куы ацыд, уæд. 2023-æм азы Сослан фæмард, бирæ рæстæг та нымад уыд æбæрæгæй сæфтыл. Цæмæй йе *фсымæры ссара, уый тыххæй ацыд Зауыр хæстмæ.
Алы хъомылгæнинагæн дæр йæ инструмент у хи къухтæй конд. Дала-фæндыр æнусты размæ нæзы æмæ тæгæр бæлæстæй куыд арæзтой, афтæ у ныр дæр. Лæмбынæг ахаст æмæ быхсондзинад домы уыцы архайд. Зондамонæг æрмæст сфæлдыстадон куыстыл нахуыр кæны, фæлæ сывæллæтты зæрдæты *взæрын кæны национ инструментмæ уарзондзинад.
«Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» фонды социалон координатортæ Зауырæн йæ цæфты фæстæ баххуыс кодтой медицинон реабилитаци ацæуынæн. Ныртæккæ йæхи цæттæ кæны йæ радон къæпхæнмæ, йе *нæниздзинад фидар кæндзæн бæстæйы профилон центртæй иуы. Сывæллæтты сфæлдыстадон хæдзары директоры ныхæстæм гæсгæ, коллективы уæнгтæн кад у, Фыдæбæстæмæ уарзондзинад сывæллæтты зæрдæты чингуытæй пайдагæнгæйæ нæ, фæлæ йæхи царды хъуыддæгтæй чи *взæрын кæны, ахæм хъомылгæнæг сæ фарсмæ кæй кусы, уый.
Цалынмæ ахуыргæнæг йе *нæниздзинад фидар кæндзæн, уæдмæ хъомылгæнинæгтæ се сфæлдыстадон архайд нæ бауромдзысты. Йе *рбацыдмæ фæнд кæнынц ног ирон мелодийыл бакусын, цæмæй рагон инструменттæ зæлой. Уымæн та æнæуæвгæ нæй – музыкалон традицитæ фæлтæртæм чи хæцца кæна, ахæм хъомылгæнджыты архайд у æнтыстджын.




