Адæм сæ хъаст алы ведомствæтæм хастой, фæлæ хъуыддаг зынгæ нæ ивы
Нæй уынгты рухс, фæндагыл ацæуæн у зын. Ацы фарстатæ тыхсын кæнынц Беслæны Байаты Чермены уынджы цæрджыты. Адæм сæ хъаст алы ведомствæтæм хастой, фæлæ хъуыддаг зынгæ нæ ивы. Уæвгæ, сæ фæндæгты уавæрæй тыхсынц, Беслæны доны æмæ канализацион хызты рацарæзты рæстæг цы уынгтæ скъахтой, уыдоны цæрджытæ дæр. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Беслæны Байаты Чермены уынджы цæрджыты къухты гæххæттыты тыхтон сæ курдиæттимæ æмæ уавæр сбæлвырд кæныны ныфслæвæрды дзуæппытимæ. Адæм разы не сты сæ сыхæгты архайдимæ – иу йæ хæдзары раз хай сæхгæдта бетон блоктæй, афтæмæй уынг фæнарæгдæр. Иннæ сыхаг та йæ территорийы раз скодта газон.
Тедеты Алан: «Не рбахизæнтæ сты æвзæр. Фæндæгтæ сæхгæдтой. Къæвдабон сывæллæттæн ахизæн нæй. Машинæтæ хъыгдарынц. Сывæллæттæ иннæ сыхты уылты цæуынц, ауылты нал уæндынц цæуын. Кæд ам закъон хæлд æрцыдис. Фæндæгтæ æхгæд сты, ахизæнтæ нæм нæй».
Ацы уынджы цæрджыты тыхсын кæнынц æндæр фарстатæ дæр. Зæгъæм, нæй дзы рухс. Фарон цырæгътæн цæджындзтæ сæвæрдтой, фæлæ ууыл хъуыддаг ныллæууыд.
Тедеты Алан: Рухс нæм нæй. Цавæрдæр мадзæлттæ нæм вæййы, æмæ талынджы цырæгътимæ фæцæуæм. Алкæдæмдæр хъаст кодтам. Мæхæдæг 2 азы администрацимæ фæцыдтæн, Тæтæраты Вадиммæ, ницы аразы, цыдæртæ бакуыста иу чысыл, æмæ сæ ныууагъта. Ныфсытæ æвæрынц, фæлæ ницы. Прокуратурæмæ дæр ныффыстам. Æнхъæлмæ кæсæм. Нæ зонын, цы кæнæм дарддæр.
Иу риссаг фарста ма – фæндæгты уавæр. Беслæны доны æмæ канализацион хызты рацарæзты рæстæг цы уынгтæ скъахтой, уыдоныуылты цæугæйæ ис бæлвырд зындзинæдтæ. Ахæм стыр куыстытæ ам рагæй нæ уыд. Горæты инженерон хызтæ баивын æнæмæнг хъуыдис. Ног доны хæтæлтæ нуазæн доны хъæрзхъæддзинад фæхуыздæр кæнынæн, къæвдадонæмбырдгæнæн канализаци та, цæмæй-иу уынгтæ доны бын ма фæуой, уый тыххæй.
Фæндагмæ базилдзысты программæ «Æдас æмæ хæрзхъæд фæндæгтæ»-м гæсгæ. Ныртæккæ куыстытæ æххæстгонд цæуынц 4 уынджы. Марковы уынджы та бацæттæ кодтой асфальты бын зæхцъар, æвæрынц бордюртæ.
Контрактмæ гæсгæ, æппæт куыстытæ хъуамæ фæуой ацы аз ноябры. Беслæны администрацийы куыд зæгъынц, афтæмæй аразджытæ кусынц рæвдздæр. Цалцæггæнæн куыстытæ снысан кодтой 35 уынджы.




