филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:14 воскресенье, 29 сентября 2024
20 января 2020, 12:30
Намысы аллеййы æрымысыдысты Уæрæсейы хъæбатыр Александр Стыцинайы рухс ном

УФ-йы æфсæддон тыхты булкъон архайдта Цæцæны фыццаг хæстон цауты

Дзæуджыхъæуы Намысы аллеййы æрымысыдысты Уæрæсейы хъæбатыр Александр Стыцинайы рухс ном. Дзæуджыхъæуккаг, УФ-йы æфсæддон тыхты булкъон  архайдта Цæцæны фыццаг хæстон цауты. 1994-æм азы йæ сныйан кодтой 58-æм æфсады Цæгат Кавказы æфсæддон ззылды агурæн-сгарæн хайады хицауæй. Архайдта Первомайскæйы хъæу суæгъд кæныны дæр. Уым, амынæты уæвджытимæ бамбæхст Салман Радуевы фыдгæнджыты къорд дæр. 1996-æм азы 17-æм январы *хсæвы фдгæнджытимæ тохы Алесандр фæцис уæззау цæф, фæлæ уæддæр йæ тох нæ бауæрдта. Карз тох сыл куы бацайдагъ, уæд фæмарди йæ æртæ æмхæстонимæ. Александр Стыцинайы фæрцы ныппырх кодтой 70 фыдгæнæджы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania