24 октября 2025, 10:36
Намысы Аллеяйы арæзт æрцыд зиу
Уыцы хъæппæрис разынд Дзæуджыхъæуы бирæвæрсыг техникумы разамындмæ
Намысы Аллеяйы арæзт æрцыд зиу. Уыцы хъæппæрис разынд Дзæуджыхъæуы бирæвæрсыг техникумы разамындмæ. Зиуы архайдтой студенттæ, ахуыргæнджытæ æмæ директор, сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеран Дзгойты Станислав. Иууылдæр иумæ сæмбырд кодтой сыфтæртæ, сахуырстой бордюртæ, ныхсадтой цыртытæ, стæй базылдысты алфамбылай территоримæ. Зиу сарæзтой, 1992-æм азы трагикон цауты боны агъоммæ.
темæмæ гæсгæ




