филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:12 суббота, 28 сентября 2024
25 февраля 2020, 12:46
Намысы мемориалы æрæмысыысты æфсæддон-интернационалист Эдуард Тиникашвили рухс ном

Фæмард 24 азы размæ, йе фсæддон хæс æххстгæнгæйæ

Хъæбатырты мысгæйæ. Намысы мемориалы æрæмысыысты æфсæддон-интернационалист Эдуард Тиникашвили рухс ном. Йæ ингæны цур æрæмбырд сты 58-æм æфсады службæгæнджытæ, «Хæстон æфсымрад»-ы, горæты администрацийы, Балтайы скъолайы минæвæрттæ. Номарæн акци арæзт уыд, Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæй чи фæмард, уыдоны бинонты æхсæнадон организацийы хъæппæрисæй. Офицæры хъысмæт дзурæг у йæ хъæбатырдзинадыл. Сывæллонæй фæстæмæ йæ бæллиц уыд æфсæддон суæвын. Бацыд Орджоникидзæйы уæлдæр командон училищæмæ. Архайдта Афганистаны æмæ Цæцæны тохты. Фæмард 24 азы размæ, йе фсæддон хæс æххстгæнгæйæ. Галашкæйы хъæумæ хæстæг боевикты къорды ныхмæ æрлæууыд, йæ дæлбар цы батальон уыд, уый. Тиникашвили йæ цард радта 32 æрыгон салдæтты сæраппонд.  Чи йæ зыдта, уыдон æй мысынц куыд хъæбатыр, йæ райгуырæн бæстæ æнæкæрон уарзтæй чи уарзта, ахæм адæймагæй. Сырх Стъалыйы æмæ Лæгдзинады ордены кавалеры ном дæлбулкъон Эдуард Тиникашвилийæн радтой йæ амæлæты фæстæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania