19 июня 2014, 11:27
Наркоманийы ныхмæ тох кæныны къамис йæ радон æмбырды æркаст ног федералон закъон æххæст кæныны фарстамæ
Æмбырд амыдта Хицауады сæрдары хæдивæг Зæнгионты Виталий. Ног закъоны ис домæнтæ, цæмæй наркоманийæ рынчын адæймагæн бар уа равзарынæн – ахæстоны йæ сбадын кæнын, кæнæ
Æмбырд амыдта Хицауады сæрдары хæдивæг Зæнгионты Виталий. Ног закъоны ис домæнтæ, цæмæй наркоманийæ рынчын адæймагæн бар уа равзарынæн – ахæстоны йæ сбадын кæнын, кæнæ та йæ наркоманийæ сдзæбæх кæнын. Ацы азы райдианæй нырмæ республикæйы наркотикты æнæзакъон зилдухимæ баст фыдракæндтæй сбæрæг кодтой 650-йæ фылдæр. Федералон закъонмæ гæсгæ, наркотиктæй чи пайда кæны, уыдоны хъæуы сразæнгард кæнын сæхи сдзæбæх кæнынмæ, цæмæй дарддæр раст фæндагыл цæуой. Наркологон диспансеры хыгъды ис 2 мины æмæ 500 адæймаджы. Фæлæ сæ нымæц у бирæ фылдæр. Наркоманийы профилактикон мадзæлттæй иу у хъæддаг гæнимæ тох. Хъæууон хæдзарады министрад куыд фехъусын кодта, афтæмæй алы районы дæр бæрæггонд æрцыдысты, гæн кæм зайы, уыцы бынæттæ, æмæ йæ фесафынæн балхæдтой гербицид.

темæмæ гæсгæ