06 июля 2022, 10:22
Наркотиктæ чи парахат кодта, ахæм дыууæ фыдгæнæджы æрцахстой Дзæуджыхъæуы уголовон агуырды дыккаг хайады кусджытæ
Республикæйы парахат кодтой героин
Наркотиктæ чи парахат кодта, ахæм дыууæ фыдгæнæджы æрцахстой Дзæуджыхъæуы уголовон агуырды дыккаг хайады кусджытæ. Сты Астæуккаг Азийæ. Республикæйы парахат кодтой героин. Ведомствæйы куыд загътой, афтæмæй закъонхалджыты æрцахстой цæхæрадæтты æмбалад «Дружба»-йы. Фæнд дзы кодтой 10 сусæг бынаты скæнын. Пъæлицæйы хайады дзуæппытæ радтой фæрстытæн. Сæхæдæг куыд загътой, афтæмæй Дзæуджыхъæумæ ссыдысты наркотиктæ парахат кæнынмæ. Байгом сыл кодтой уголовон хъуыддæгтæ. Æнхъæлмæ сæм кæсы 20 азы ахæстоны фæбадыны тæрхон.
темæмæ гæсгæ




