филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:31 воскресенье, 06 октября 2024
20 ноября 2014, 18:27
Наркотикты ныхмæ арæзт къамисы уæнгтæ хатдзæгтæ скодтой сæ куыстæн

Æрдзырдтой æнахъом сывæллæттимæ куыстыл дæр. Æмбырды архайдтой Дзæуджыхъæуы администрацийы минæвæрттæ, æхсæнадон организацитæ «Иры стыр ныхас»-ы, ветеранты æмæ сылгоймæгты советты уæнгтæ.

73576
Наркотикты ныхмæ арæзт къамисы уæнгтæ хатдзæгтæ скодтой сæ куыстæн. Æрдзырдтой æнахъом сывæллæттимæ куыстыл дæр. Æмбырды архайдтой Дзæуджыхъæуы администрацийы минæвæрттæ, æхсæнадон организацитæ «Иры стыр ныхас»-ы, ветеранты æмæ сылгоймæгты советты уæнгтæ.

Æнахъом сывæллæты хъуыддæгты фæдыл хицауады цур къамисы бæрнон секретарь Æгайты Иринæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй ныртæккæ сæ хыгъды ис 173 сывæллоны. Сты æххуысхъуаг бинонтæй. Радзырдта ма, ахæм кæстæртимæ цавæр профилактикон куыст кæнынц, уый тыххæй дæр. Зæгъæм акци «Æдас бинонтæ», арæзт цæуы, цæмæй æхсæнад ахæм бинонты сабитæм се ‘ргом раздаха. Рейды рацæуынц æнахъом сывæллæтты хъуыддæгты фæдыл инспектортæ æмæ социалон хъахъхъæнынады минæвæрттæ. Æмбырды архайджытæ æрцыдысты иу хъуыдымæ – хъуамæ активондæрæй арæзт цæуой, æнæниз цардыуаг парахат чи кæны, ахæм мадзæлттæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania