21 мая 2024, 11:42
Наркотикты ныхмæ мæйон æххæстгæнгæйæ, Черменыхъæуы арæзт æрцыд, æнæниз цардыуаг парахат кæнынимæ баст мадзал
Акцийы архайдтой бынæттон цæрджытæ, фыццаджыдæр, фæсивæд æмæ сæ ныййарджытæ
Наркотикты ныхмæ мæйон æххæстгæнгæйæ, Черменыхъæуы арæзт æрцыд, æнæниз цардыуаг парахат кæнынимæ баст мадзал. Акцийы архайдтой бынæттон цæрджытæ, фыццаджыдæр, фæсивæд æмæ сæ ныййарджытæ. Æрыгон лæппутæн æмæ чызджытæн радзырдтой, æнæниздзинадæн зиан чи хæссы, ахæм ахуырты тыххæй. Равдыстой киноныв тамако дымыны, наркотиктæй пайда кæныны, карз нозт нуазыны фæстиуджыты тыххæй. Мадзал сарæзта хæрзаудæн фонд «Спасательный круг». Акци æххæстгæнгæйæ мæйы дæргъы Уæрæсейы æппæт регионты цæудзæн оперативон-профилактикон, физкультурон-спортивон æмæ культурон мадзæлттæ. Сæ нысан у æнæниз цардыуаг парахат кæнын.
темæмæ гæсгæ




