филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:50 воскресенье, 01 февраля 2026
01 декабря 2022, 12:06
Нарты кадджыты хъайтартæ фæзындысты Дзæуджыхъæуы бирæуæладзыгон хæдзæрттæй иуы къулыл

Инсталляцийы сюжет æмæ йæ бынат горæты цæрджытæ равзæрстой сæхæдæг

Нарты Сатана, Сослан æмæ Уырызмæг. Нарты кадджыты хъайтартæ фæзындысты Дзæуджыхъæуы бирæуæладзыгон хæдзæрттæй иуы къулыл. Арт-объектыл бакуыста нывгæнæг Цæгæраты Давид. Ацы цымыдисаг хъæппæрис ын царды рауадзын бантыст, парти «Иугонд Уæрæсе»-йы социалон ахсджиаг проектты федералон конкурсы уæлахиздзау кæй сси, уый фæрцы. Давидæн ацы куыст у фыццаг ахæм егъау проект. Царды йæ рауадзынæн бахъуыдысты уæлæмхасæн кусæнгæрзтæ –  кран-манипулятор æмæ сæрмагонд тростæ. Инсталляцийы сюжет æмæ йæ бынат горæты цæрджытæ равзæрстой сæхæдæг. Афтæмæй уæлахиздзау сси Хъаныхъуаты Умары конд Нарты кадджыты сæрмагонд рауагъды ныв. Арт-объект байгом кæныны кадджын мадзалмæ æрбахуыдтой нывгæнæджы чызг дæр. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ авторы хъуыдымæ гæсгæ ацы ирд ныв горæты цæрджыты зæрдæтæ рухс кæндзæн 10 азы онг. Уый фæстæ йæм хъæудзæн ногæй базилын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania