Ныр цалдæр боны дон бахæццæ вæййы хæдзæрттæм æмæ тæссаг у, мидæмæ куы бакæла, уымæй. Цæрджытæ йын Æрыдоны районы разамынды æххуысæй аразынц уромæнтæ, фæлæ уый
Цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй дон æрбахæццæ Нартыхъæуы кæройнаг уынгмæ. Изæры 8 сахатæй райсоммæ адæм сæхи хъарутæй тох кодтой æрдзимæ, цæмæй дон ма бакæла хæдзæрттæм, уый тыххæй.
Цехъоты Анатолий, Нартыхъæуы цæрæг: «Дон ракалдис æм къæр-къæр кæнын райдыдта их, ома йæ куыд саста, æмæ афтæмæй базыдтам донивылды хабар. Æмæ уæд рацыдыстæм æнæхъæн сыхæй, цæмæй исты бакæнæм зæгъгæ, æмæ нæхи тыхтæй ам фæархайдтам, белтæй къанæуттæ фæкъахтам, стæй митæй йын фæкодтам уромæнтæ. Ныр мæнæ фæхъарм ис æмæ та дон ногæй ракалдис. Фыццаг бон цы дон ракалдис, уый ныссалди æмæ уый сæрты фæстæмæ ракалдис, æмæ уавæр фæфыддæр ис. Æмæ хуыздæрмæ æнхъæлмæ кæсæн нæй, афтæ куы уа, æмæ нæм куы нæ фæкæсой, уæд тынг æвзæр уавæр ис нæ хъæуы».
Нартыхъæуы хицау Цгъойты Валерий куыд зæгъы, афтæмæй цæугæдон æрвылаз дæр раивылы. Цæмæй йæ фæстиуджытæ тæссаг ма уой, уый тыххæй дзы хъæуы дамбæ саразын, фæлæ хъæуы администрацийы ахæм фæрæзтæ нæй. Цгъойты Валерий куыд зæгъы, афтæмæй йæ цалдæр азы размæ кæнын райдыдтой цæугæдоны былгæрæтты Фыййагдоны цур, фæлæ арæзтад Нартыхъæумæ нæма æрбахæццæ. Ахæм хъуыддаджы та уыйбæрц æнхъæлмæ кæсæн нæй, зæгъынц адæм.
Цгъойты Валерий, Нартыхъæуы бынæттон администрацийы сæргълæууæг: «Аразын хъæуы дамбæ, 8 километры бæрц. Алы хъæуæн дæр хъуамæ уа, генералон пълан æмæ уый куыст кæнæм ныр. Ростовæй нæм кусынц адæм, æмæ нæ цы хъæуы, коммуникацитæ, дамбæтæ æмæ дарддæр, уыдон сеппæт дæр мах сбæрæг кодтам æмæ ныр дарддæр архайдзыстæм ууыл, цæмæй нæм ацы дамбæ арæзт æрцæуа».
Донивылды сæйраг аххосаг у боныхъæд. Уæлдæфы температурæ ацы бонты уыд тынг ныллæг. Фыййагдон та арф цæугæдоныл нымад нæу. Уымæ гæсгæ нæ бафæрæзта ахæм уазæлттæн.
Мæнæ ацы ран Фыййагдон ныссалд суанг йæ тæккæ бынмæ. Уый тыххæй дон аивта йæ цыд æмæ кæлы хъæуы рдæм. Тæссаг уавæры сты дæсгай хæдзæрттæ.
Хъæуы цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй фæстаг хатт цæугæдоны донвæд сыгъдæггонд æрцыд 4 азы размæ. Уæдæй нырмæ йæ уавæр аивта. Донвæд байдзаг змисæй, æмæ дзы цы дон ис, уый нал цæуы æмæ уый аххосæй ракæлы балгæрæттæм. Зæгъын ма хъæуы уый, æмæ цæугæдон у хъæуы æвæрдæй уæлдæр. Уымæ гæсгæ донæн бынмæ, хъæумæ кæлын æнцон у.
Хъарданты Къоста, Æрыдоны районы граждайнаг хъахъхъæнынады фарстаты хайады хицау: «Тæссаг нын вæййы уалдзæджы, рæгъты мит тайын куы райдайы, уæд дон уæлæмæ ссæуы, цы былтæ сæ хъахъхъæнын уыдон та æнæхъæн Æрыдоны районы дæр сты æвзæр уавæры, æмæ бынтон уалдзæгмæ æнхъæлмæ кæсын нæ бон нæу. Уымæн æмæ дæттæ куы раивылой, уæд нæ уавæртæ æвзæр уыдзысты».
Æнæнхъæлæджы цауты министрады специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй бынаты уыдысты æмæ уавæр федтой. Æмæ кæд Нартыхъæуы цы донивылд æрцыд, уый æвирхъау цауыл нæ банымадтой, уæддæр зындгонд у, уавæр тæссаг кæй у, уый. Æмæ цæрджытæ сæхæдæг куы нæ бацархайдтаиккой, уæд ничи зоны, донивылд цавæр фæстиуджытæм асайдтиад, уый.
Александр Кулинский, Уæрæсейы æнæнхъæлæджы цауты министрады цæгатирыстойнаг управленийы хъахъхъæнынады хайады хицауы хæдивæджы хæстæ æххæстгæнæг: «Ацы цауы рæстæг хæдзæрттæм дон нæ бакалд. Адæм сæхæдæг сæрæнæй февнæлдтой æмæ не руагътой, цæмæй æнæхъæлæджы цау æрцæуа. Мæ бон зæгъын у, æмæ донивылды сæйраг аххосаг у, нæ республикæйы цы уазал бонтæ уыд, уый».
Фыййагдон нымад у, хъахъхъæд чи цæуы, ахæм æрдзон объектыл. Ис Цæгат Ирыстоны æрдз хъахъхъæныны комитеты бæрны. Æмæ йын йæ уавæрмæ хъуамæ сæ цæст дарой ацы куыстуаты специалисттæ. Куыд зæгъынц, афтæмæй сæм ныры онг фæрæзтæ нæ уыд, цæмæй Фыййагдоны былгæрæтты арæзт æрцæуы дамбæ. Фæлæ зæрдæ бавæрдтой, уавæр хорзырдæм аивыныл кæй бацархайдзысты, уымæй.
Владимир Бараев, Цæгат Ирыстоны æрдз хъахъхъæныны комитеты сæрдары хæдивæг: «2012-æм азы арæзт æрцыд программæ «Доны хæдзарады комплексы райрæзт 2020-æм азмæ». Уыцы программæйы объекты хыгъды ис Нартыхъæу дæр. Программæйæн сæрмагонд документтæ арæзт æрцæудзысты 2015-æм азы. Уæдмæ та уал мах, æрдз хъахъхъæныны комитеты специалисттæ бацархайдзыстæм, æмæ рæстæгмæйы дамбæ хуырæй сараздзыстæм. Уый хъахъхъæндзæн донивылдтытæй 2-3 азы».
Ныртæккæ уал Нартыхъæуы цæрджытæ сæхи хъарутæй тох кæнынц æрдзон бæллæхы фæстиуджытимæ. Ссардтой техникæ, сæттынц их æмæ кæнынц цæугæдонæн фæндаг. Фæлæ уый у æрмæстдæр цыбыр рæстæгмæ. Сæ зæрдæ дарынц, республикæйы хицауад сæм се ргом кæй раздахдзæн, æмæ æппæт мадзæлттæ дæр арæзт кæй æрцæудзæн уалдзыгон донивылдты размæ.
Гугкаты Иринæ




