филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:50 вторник, 16 декабря 2025
08 октября 2014, 11:25
Нартыхъæуы цæрджытæ тыхсынц æнæ донæй

Нартыхъæуы цæрджытæ фæстаг дыууын фондз азы дæргъы къуылымпытæ æййафынц нуазыны донæй. Адæм хъаст кæнынц, нæ хæдзары куыстытæ бакæнæн ис, нæ æндæр хъуыддæгтæ. Дон æмбырд кæнынц боцкъаты, ласгæ та йæ сыхаг хъæутæй æрбакæнынц.

74667
Нартыхъæуы цæрджытæ фæстаг дыууын фондз азы дæргъы къуылымпытæ æййафынц нуазыны донæй. Адæм хъаст кæнынц, нæ хæдзары куыстытæ бакæнæн ис, нæ æндæр хъуыддæгтæ. Дон æмбырд кæнынц боцкъаты, ласгæ та йæ сыхаг хъæутæй æрбакæнынц. Сæ хъæст бæрнон куыстуæттæм иу æмæ дыууæ хатты нæ бахастой, фæлæ сын дзуапдæттæг нæма ис. Ацы аз та Нартыхъæуы нуазыны дон уæвгæ дæр нæй. Уымæн ис цалдæр аххосаджы. Хæстæгдæр рæстæг фарста лыггонд куынæ *рцæуа, уæд бынæттон цæрджытæ куыд загътой, афтæмæй сæ хъаст бахæсдзысты прокуратурæмæ.
Æмæ афтæ, æрвылбон дæр, зæгъы Нартыхъæуы цæрæг Наталья Белякова. Дон дзы у, куыд фæзæгъынц, сызгъæрины аргъ. Адæм хъаст кæнынц, нæй сын сæхи ныхсын, æмæ хæдзары куыстытæ бакæныны фадат дæр. Дон ласынц сыхаг хъæутæй.
Хъæуы цæрджытæ зæгъынц, донимæ сæм къуылымпыдзинæдтæ алыбон дæр кæй вæййы, уый. Ныр 25 азы фарста нæ рæстмæ кæны. Цæуынц, æмæ сæ курдиæттæ хæссынц алыхуызон бæрнон куыстуæттæм, фæлæ хъуыддаг нæ ивы.
Ацы аз та Нарты хъæуы дон зæгъæн ис, бынтондæр нæй. Сæрды бирæтæ дон ауадзынц сæ цæхæрадæттæм. Суткæгай йæ кърæнтытæ не хгæнынц, уымæ гæсгæ дон хъæуы астæумæ нæ хæццæ кæны. Фæлæ дон чи хардз кæны, уыдон сеппæты комуналлон лæггæдтæн фидын нæ фæнды.
Хъæуы администрацийы разамындимæ фембылын не сфæлдыстадон къордæн афтæ дæр нæ бантыст. Уæвгæ, хъæуы цæрджытæн дæр уыцы хабар ссæ къухы не фты.
Адæм зæгъынц, дарддæр фæразын сæ бон кæй нал у, уый. Нартыхъæуы администрацийы сæргълæууæгмæ ныффыстой фыстæг. Сæ къух дзы баффыстой 30 адæймагæй фылдæр. Хæстæгдæр рæстæг доны фарстайыл куы нæ бакусой, уæд нысан кæнынц сæ хъаст прокуратурæмæ бахæссын.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania