филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:11 четверг, 02 мая 2024
05 апреля 2024, 11:35
Нартыхъæу æрдзон фыдбылызæй бахъахъхъæныны нысанимæ дзы цыдысты Фыййагдоны цæугæдоны донвæд сыгъдæг кæныны куыстытæ

Бахъуыд сæ рæстæгмæ æрлæууын кæнын

Донивылдтыты рæстæг бацыд йæ тæмæны. Нартыхъæу æрдзон фыдбылызæй бахъахъхъæныны нысанимæ дзы цыдысты Фыййагдоны цæугæдоны донвæд сыгъдæг кæныны куыстытæ. Бахъуыд сæ рæстæгмæ æрлæууын кæнын. Ацы хатт доны нæ, фæлæ змисы æмæ дурты бын фесты хизæнуæттæ. Хъæуы цæрджытæ ма дызæрдыг кæнынц, цы проект ис, уый æдас æмæ раст конд кæй у, ууыл. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Уалдзæджы ралæудимæ республикæйы райдайы донивылдтытæй тæссаг рæстæг. Ацы сезон цалдæр хъæуы хъыгдард иннæтæй фылдæр баййафынц. Се *хсæн – Нартыхъæу дæр. Уым Фыййагдоны цæугæдон дæсгай азты дæргъы æрмæст хæдзæрттæ нæ пырх кодта, фæлæ ма тæссаг уыд адæмы цардæн дæр.

Абон бирæ азты риссаг фарста алыг кæнынæн фадат ссардтой. Фæлæ цавæр, уый иуæй-иу цæрджыты хъуыдымæ гæсгæ, раст нæу. Цæугæдоны донвæд сыгъдæггæнгæйæ зæхцъар æмбырд кодтой, бынæттон цæрджытæ цы хизæнуæттæй пайда кæнынц, уым. Уый уыд адæмы хъасты сæйраг аххосаг.

Бынæттон цæрджытæ разы не сты, донвæд сыгъдæг кæныны куыстытæ куыд æххæстгонд цæуынц, уыимæ дæр.

Хъуыддаг бæлвырд кæны прокуратурæ. Цæстдарæн ведомствæ сбæрæг кодта, Нартыхъæуы донвæд сыгъдæггæнгæйæ æрдз хъахъхъæныны закъонады домæнтæ куыд æххæстгонд цыдысты, уый. Афтæмæй рабæрæг, зæхцъар æмбырд кæнынæн уаццаг æцæгдæр хауы, хъæууонхæдзарадон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм хизæн зæххытæм. Территорийæ ахæм хуызы пайда кæныны бар закъонмæ гæсгæ нæй. Уымæй уæлдай ма, рабæрæг æндæр закъонхæлд дæр – куыстытæ æххæстгæнгæйæ бæлвырд хъуыддæгтæм фаг цæстдард нæ уыд.

Æрдзон æвæрæнты æмæ экологийы республикон министрады специалистты ныхæстæм гæсгæ, Фыййагдоны цæугæдоны донвæд сыгъдæггонд цыд, æмбæлгæ паддзахадон экспертизæ цы проектон-сметон документаци ацыд, уымæ гæсгæ. Проектыл бакуыстой инженерон уынаффæты бындурыл.

Ныртæккæ Нартыхъæуы куыстытæ рæстæгмæ æрлæууыдысты. Хизæнуæттимæ фарста алыг кодтой. Фæлæ се *ппæт дæр иу хъуыдымæ æрцæудзысты æви нæ, уый нырма бæрæг нæу.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania