Ацы цаумæ бынæттон цæрджытæ рагæй æнхъæлмæ кастысты
Нартыхъæуы рацарæзты фæстæ кадджын уавæры байгом кодтой рæвдауæндон. Ацы цаумæ бынæттон цæрджытæ рагæй æнхъæлмæ кастысты. Нырæй фæстæмæ ныййарджыты сæ сывæллæтты сыхаг хъæутæм ласын нал хъæудзæн. Бæстыхай арæзт æрцыд 1963-æм азы, æмæ уæдæй фæстæмæ бындурон цалцæггонд никуы уыд. Рацарæзтмæ се вæрæн бахастой бынæттон цæрджытæ дæр. Сæмбырд кодтой 500 мин сомы. Чи баххуыс кодта, уыдонæй алкæмæн дæр радтой кады гæххæттытæ æмæ арфæйы фыстæджытæ. Зæгъдзыстæм ма уый, æмæ объект эксплуатацийы радтой æмгъуыдæй раздæр. Егъау æмæ хæрзвадат агъуыстытæ – алцыдæр конд у сабиты алывæрсыг хъомыладæн. Сывæллæтты рæвдауæндон рацарæзтой паддзахадон программæ «Хъæуккаг территориты комплексон рæзт» æмæ национ проект «Ахуырад» æххæст кæнгæйæ. Рæвдауæндоны ис 40 бынаты. Æдæппæтæй та дзы уыдзæн дыууæ къорды.




