филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:04 среда, 26 июня 2024
04 июня 2019, 12:15
Нартыхъæуы скъолайы ахуыргæнджытæ се скъолайы кæрты цæхæрадон скодтой

Кæд стыр нæу, уæддæр цæст рæвдауы. Раст рæнхъытæй дзы зайынц алыхуызон халсартæ.

Зæхх – нæ дарæг у, хуымæтæджы нæ фæзæгъынц. Уыцы хъуыды рæзгæ фæлтæрæн цас раздæр бамбарын кæнай, уыйас хуыздæр, зæгъынц Нартыхъæуы скъолайы ахуыргæнджытæ. Дæнцæгæн сын æрхæсдзыстæм, се скъолайы кæрты цы цæхæрадон скодтой, уый. Кæд стыр нæу, уæддæр цæст рæвдауы. Раст рæнхъытæй дзы зайынц алыхуызон халсартæ. Фæлæ ууыл æрлæууынмæ нæ хъавынц. Фæззæджы ма фæнд кæнынц дыргъбæлæстæ ныссадзын дæр.Ахæм æнтыстдзинадыл сæ зæрдæ нæ дардтой. Раст рæнхъытæй 7 сотыхы зæххы хайыл зайынц хъæдур, къабуска, цæхæра, уырыдзы, нас, басгæрдæг æмæ ма суанг æрыскъæф дæр. Нартыхъæуы скъолайы цæхæрадон дæнцæгæн хæссинаг сси æнæхъæн республикæйæн дæр. Алы къласæн дæр ис йæхи зæххы хай. Уыимæ хистæртæ æххуыс кæнынц кæстæртæн.Сæхæдæг нырма хæрзæрыгæттæ, фæлæ аудгæйæ æмбæрзынц ног зайæгойтæ æмæ сæ хъахъхъæнынц æнтæф хурæй. Цымыдисæй кæсынц, зайæгойтыл ног сыфтæ куыд фæзынынц, уый. Кусынц, куыд æмбæлы, афтæ райсомæй раджы, фæлæ не сфæлдыстадон къорды тыххæй сæ куысты фæтк аивтой, æмæ сæ цæхæрадонмæ рацыдысты сихоры. Уыимæ радзырдтой, куыд æм зилынц, уый тыххæй, стæй ма сæ фидæны бæркадыл ныккодтой дон, мæр сфæлмæн кодтой æмæ йæ зианхæссæг кæрдæджытæй ссыгъдæг кодтой.Цæхæрадон рæзы. Уымæн æмæ йæм зилынц, кæрдынц кæрдæг æмæ æндæр хъæугæ куыстытæ. Æппынæдзухдæр сæ зæрдыл дарынц, хъæууонхæдзарадон куыстытæ сывæллæттæ кæй кæнынц, уый. Ныр сæм ис фылдæр нысантæ. Халсартæ – уый хорз. Фæззæджы та фæнд кæнынц дыргъбæлæстæ ныссадзын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania