филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:36 вторник, 16 декабря 2025
05 февраля 2014, 17:03
Насвай æмæ спъирт кæмæ хæццæ кæны, ахæм нозтытæ парахат кæныны æмæ уæй кæныны ныхмæ тох кæныны закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыныл абон ныхас цыд Цæгат Ир

Фембæлд арæзт æрцыд, проект «Хицауадимæ ныхас» æххæст кæнгæйæ. Архайдтой дзы Парламенты, Мидхъуыддæгты министрады, Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады уæнгтæ, ахуыргæндтæ æмæ æрыгон активисттæ.

Насвай æмæ спъирт кæмæ хæццæ кæны, ахæм нозтытæ парахат кæныны æмæ уæй кæныны ныхмæ тох кæныны закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыныл абон ныхас цыд Цæгат Ирыстоны хицауады.

Фембæлд арæзт æрцыд, проект «Хицауадимæ ныхас» æххæст кæнгæйæ. Архайдтой дзы Парламенты, Мидхъуыддæгты министрады, Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады уæнгтæ, ахуыргæндтæ æмæ æрыгон активисттæ. Ныхас кодтой, ивгъуыд азы кæрон цы темæ сæвзæрд, ууыл. Ома, фæсивæд республикæйы сæргълæууæг Мамсыраты Таймуразмæ цы курдиат ныффыстой, ууыл. Волонтертæ радзырдтой, насвай æмæ æндæр препараттæ сывæллæттæн уæй кæныны цаутæ фылдæрæй фылдæр кæнынц. Республикæйы Сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй уый тыххæй закъонмæ хъæуы ивддзинæдтæ бахæссын, цæмæй ахæм адæм карздæр æфхæрд æййафой. Наркологон диспансеры химион-токсикологон лабораторийы тестыты хатдзæгтæм гæсгæ, 900 сывæллонæй 300 пайда кодтой препарат «Лирикæ»-йæ. Кæд æмæ йæ афтекты хъуамæ æнæ рецептæй ма уæй кæной, уæддæр. Тымбыл стъолы архайджытæ загътой, ацы фарстайы ныхмæ иумæ тох кæнын кæй хъæуы, уый.

Бекъойты Аслан, Алагиры районы фæсивæды социализацийы центры разамонæг: «Ацы æмбырды адæмы размæ рахастам ахæм фарста, цæмæй уыцы хъылма чи уæй кæны, уыцы адæмы ивар кæной. Махæн нæ хæс у, фæсивæдмæ хæццæ кæнын, уыцы зианхæссæг хъуыддæгтæй чи пайда кæны, уыдоны цард цæмæ `рхауы, уый бамбарын кæнын. Сæ ныййарджытæ куыд фæтыхсынц, æмæ сæхæдæг дæр цы уавæры вæййынц, уый».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania