филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:43 суббота, 18 мая 2024
06 ноября 2013, 11:10
Национ банчы минæвæрттæ æмæ Регионы рæзты банчы рæстæгмæйы администраци фембæлдысты адæмимæ

Национ банчы минæвæрттæ æмæ Регионы рæзты банчы рæстæгмæйы администраци фембæлдысты, фæдзæхстадон фиддонтæ кæмæн дæттынц, уыдоны номхыгъдты йæхи чи не ссардта, уыцы адæмимæ.

Национ банчы минæвæрттæ æмæ Регионы рæзты банчы рæстæгмæйы администраци фембæлдысты, фæдзæхстадон фиддонтæ кæмæн дæттынц, уыдоны номхыгъдты йæхи чи не ссардта, уыцы адæмимæ. Банкæн йæ бон кусын куы нал уыд, уæд дзы 700 мин сомæй фылдæр æвæрд кæмæн уыд, уыдоны æхцатæ сæвæрдтой æндæр адæмы хыгъдты, цæмæй сын уый фæстæ се `хцатæ æнæхъæнæй бафидой, уый тыххæй. Национ банчы разамонæг Дзиуаты Иринæйы ныхæстæм гæсгæ, фарста алыг кæныны тыххæй адæмы хъæуы æхцатæ фæстæмæ сæ хыгъдты сæвæрын. Фæдзæхстадон фонд уал сын ратдзæн 700 мин сомы, иннæ æхцатæ та райсдзысты, банк йæ активтæ куы ауæй кæна, уæд. Кæнæ та адæмы курдиат бадæттын хъæуы тæрхондонмæ. Регионы рæзты банчы æрвылбон райсомы 9 сахатæй изæры 6 сахатмæ кусынц юристтæ æмæ дзуапп дæттынц адæмы фæрстытæн.

Пенсиисæг Николай Соломоновæн йе нкъарæнтæ æмбæхсын йæ бон нæу. «Регионы рæзты банчы» хыгъды йын ис 600 мин сомы. Æмæ йын фæдзæхстадон фиддонты реестрмæ нæ бахаудысты. Уымæн æмæ операции конд æрцыди 1-æм октябры, уæд та цы æхцатæ ныддихтæ кодтой, уыдон фæдзæхстадон нал уыдысты.

Æмæ дзы ахæм хыгъдтæ ис 6 сæдæйы бæрц. Æхца бавæрджытæ æвæстиатæй се хцатæ дыддихтæ кодтой, цæмæй сæ уый фæстæ æххæстæй райсой, уый тыххæй. Хъуыддаг бафиппайдта фæдзæхстадон агентад, æмæ йæ банымадта дызæрдыггагыл. Фæлæ банчы кусджытæ уыцы хъуыдыимæ разы не сты.

Фæдзæхстадон реестрыл куыста фæдзæхстадон агентад. Се вæрæнтæ чи ныддихтæ кодта, уыдонæн Национ банчы разамынд бахаста дыууæ фæндоны, цæмæй се хцатæ райсой, уый тыххæй.

Дзиуаты Иринæ, Национ банчы сæрдар: «Адæмæн бахастам фæндон, кæнæ курдиæттæ бадæттæд æмæ сын сæ хыгъдтæ куыд уыдысты, афтæ скæной. Уæд, райсдзысты сæ 700 мин сомтæ, æмæ курдиæттæ ныффысдзысты, банчы кридиторты хыгъды сæхи ныффыссынæн. Кæнæ та, кæд сæ хъуыдымæ гæсгæ, цы операцитæ скодтой, уыдон раст сты, уæд сæ бон тæрхондонмæ бадæттын у».

Æмбырды чи уыди, уыцы адæмæй сæ фылдæр фæнд кæнынц тæрхондонмæ бадæттын.

Раздæры хуызмæ йæ хыгъдтæ чи раива, уыдонæн та сæ бон æххуысагур бацæуын у банчы сæйраг офисмæ. Алыбон дæр дзы консультацитæ кæнынц юридикон хайады специалисттæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania