25 октября 2023, 11:45
Национ музейы æрныхас кодтой Цæгат Ирыстоны музейты хъуыддаджы уавæрыл æмæ йæ рæзты фарстатыл
Боны фæткмæ рахастой цалдæр ахсджиаг хъуыддаджы
Национ музейы æрныхас кодтой Цæгат Ирыстоны музейты хъуыддаджы уавæрыл æмæ йæ рæзты фарстатыл. Боны фæткмæ рахастой цалдæр ахсджиаг хъуыддаджы. Уыдоны хсæн – музейты кæй нæ фаг кæнынц фондтæ хъахъхъæнæн бæстыхæйттæ, фæлтæрдджын кусджытæ. Уæдæ ахсджиаг у – музейты æмæ филиалты бындурон цалцæг кæй нæй, æмæ экспозицион-равдыстадон кусæнгæрзтæ кæй базæронд сты, уый. Æдæппæтæй нæ республикæйы ис 18 музейы. Æмбырды архайджыты хъуыдымæ гæсгæ, хъæуы æппæт ацы фарстатæ алыг кæнынæн бюджеты фæрæзтæ бавæрын. Иуæй-иу фарстатæ та алыг кæнын хъæуы закъонæвæрынады бындурыл.
темæмæ гæсгæ




