21 декабря 2023, 11:31
Национ музейы байгом Æлборты Амыраны авторон фотопроект «Цардымидæг»
Йæ хъайтартæ систы Ирыстоны æмæ республикæйæ дарддæр зындгонд адæм аивады æмæ спорты къабазы
Национ музейы байгом Æлборты Амыраны авторон фотопроект «Цардымидæг». Йæ хъайтартæ систы Ирыстоны æмæ республикæйæ дарддæр зындгонд адæм аивады æмæ спорты къабазы. Сæ хыгъды – Тедеты Дзамболат, Сидахъаты Зауырбег, Соскъиты Владимир, Челæхсаты Магрез. Æлборты Амыран у хуызисæг æмæ режиссер. Республикæйы зындгонд у, куыд фотопроект «Наследие»-йы автор. У хæхты архитектурæйы цыртдзæвæнты тыххæй. Æлборты Амыран ма у документалон киноныв «Хип-Хоп Осетия»-йы дыккаг режиссер. Равдыст «Цардымидæг» ахæсдзæн 15-æм январы онг.
