филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:22 воскресенье, 14 декабря 2025
14 августа 2025, 10:35
Национ музейы байгом Биганты Зæринæйы куыстыты равдыст

Экспозицийы сты алы азты конд пейзажтæ æмæ натюрморттæ

Национ музейы байгом Уæрæсейы нывгæнджыты цæдисы уæнг, Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты нывкæнынады аивады кафедрæйы доцент Биганты Зæринæйы куыстыты равдыст. Экспозицийы сты алы азты конд пейзажтæ æмæ натюрморттæ. Критиктæ куыд зæгъынц, афтæмæй нывгæнæджы курдиат у алывæрсыг. Биганты Зæринæйы æрмдзæф бæрæг дары нырыккон аивады. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Адæймаг иунæгæй цы сфæлдыстадон проекттæ саразы, уыдоны вæййы сæрмагонд тых. Фæлæ йын иузæрдион æмбал куы фæзыны, уæд куыст сæрттивы ног ахорæнтæй. Биганты Зæринæ æмæ Гугкаты Дзерассæйы иумæйаг проект уымæн дæнцæг. Йæ бындуры – æрдзон фæзындты ног æмбарынад. Æхсæрдзæны тых æмæ дурты рæсугъддзинад, кæрæдзийы æххæстгæнгæйæ, сау тыгъдады аразынц аив композици.

Биганты Зæринæйы юбилейон равдысты фенæн ис 50 куыстæй фылдæр. Алкæцыдæр сæ æвдыст æрцыдысты нывгæнæджы сфæлдыстадон царды алы рæстæджытæ. Композицитæ, пейзажтæ, натюрморттæ фыст сты нывкæнынады хицæн техникæйæ. Куыстытæн ис лирикон абстракцийы стилистикæ. Банкъарæн сæ ис æрдзы рæсугъддзинад.

Биганты Зæринæйы куыстытæ фенæн ис Уæрæсейы, Германийы, Нидерландты æмæ Америкæйы иугонд штатты хи коллекциты. Йæ нывты равдыстытæ арæзт цыдысты Нывгæнджыты Сæйраг Хæдзары, Мæскуыйы Марина Цветаевайы хæдзар-музейы, галереяты Сочи æмæ Цæгат Ирыстоны. Зæринæйы сфæлдыстадæн ис бирæ аргъгæнджытæ.

Биганты Зæринæйы юбилейон равдыстмæ æрбацыдысты йе *мкусджытæ, хиуæттæ æмæ зонгæтæ. Нывгæнæджы сфæлдыстад адæмæн радон хатт балæвар кодта æхсызгон æнкъарæнтæ.

Биганты Зæринæ йæ куыстыты равдыста æрдзы фæзындты æмæ адæймаджы миддунейы арф æмбарынад, поэтикон хъуыдытæ дунейы тыххæй æмæ дзы адæймагæн цавæр бынат ис, уый тыххæй. Уымæ гæсгæ йын сæ иу хатт чи фены, уыдон сæ сæ зæрдæтæм хæстæг айсынц.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania