филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:23 воскресенье, 14 декабря 2025
13 августа 2025, 10:40
Национ музейы байгом Биганты Зæринæйы юбилейон равдыст

Фенæн дзы ис 40 куыстæй фылдæр

Цæгат Ирыстоны национ музейы байгом Уæрæсейы нывгæнджыты Цæдисы уæнг, ЦИПУ-йы нывкæнынады кафедрæйы доцент Биганты Зæринæйы юбилейон равдыст. Фенæн дзы ис 40 куыстæй фылдæр. Се хсæн – пейзажтæ, нывгæнæджы сфæлдыстады алы рæстæджытæн æвдисæн натюрморттæ. Конд сты авторон техникæмæ гæсгæ. Нывкæнынады бындуртыл Биганты Шалва, Челæхсаты Магрез, Басаты Олег. Аивадиртасджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй Зæринæйы сфæлдыстадон гæнæнтæ сы тынг парахат æмæ алывæрсыг. Кусы алы техникæтæм гæсгæ. Йæ иуæй-иу куыстытæ конд сты абстрактон, экспрессивон æууæлтæ æххæстгæнгæйæ. Биганты Зæринæйы уацмыстæ сты куыд, авторы зæрдæйы æнкъарæнтæн æвдисандар. Æрмдæсныйы нывтæ абон фенæн ис Уæрæсейы, Францийы, Германийы Нидерландты æмæ Америкæйы Иугонд Штатты хи коллекциты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania