филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:09 вторник, 16 декабря 2025
12 ноября 2025, 10:38
Национ музейы байгом Олисаты Вероникæйы нывты равдыст

Экспозийы равæрдтой алыхуызон техникæты æмæ жанрты фыст 50 куысты

Национ музейы байгом Олисаты Вероникæйы нывты равдыст. Экспозийы равæрдтой алыхуызон техникæты æмæ жанрты фыст 50 куысты. Бæрæг дзы дары нывгæнæджы хъуыдыкæнынад. Олисаты Вероникæ у Илья Репины номыл Аивæдты Академийы рауагъдон. У Уæрæсейы нывгæнджыты Цæдисы уæнг æмæ бирæ равдыстыты архайæг, куыд нæ бæстæйы, афтæ фæсарæнты дæр. Чехойты Фатимæ радзурдзæн бæстондæр.

Ивгъуыды уысмтæ – аивады бындур. Иутæ урсытæ, иннæтæ – тартæ. Алкæцыдæр дзы йæхимæ лвасы адæймаджы цæстæнгас. Олисаты Вероникæ цæттæ у йæ уацмыстыл зæрдиагæй дзурынмæ – фыст сты йæ царды ахсджиагдæр цаутимæ баст æнкъарæнтæ . Зæгъæм Парижмæ балц. Уыцы темæ зыны нывгæнæджы куыстытæй цалдæры. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Парижы темæ: йе *нкъарæнтæ æмæ царды цыд – бацахста экспозицийы хицæн хай.

Ирыстон æмæ Хъырымы рæсугъддæр бынæттæ, портреттæ æмæ натюрморттæ, стæй ма зындгонд нывгæнджыты зæронд куыстыты ноггонд хуызтæ. Алы ныв дæр у, царды цыд æмæ йæ рæзт чи *вдисы, ахæм аивадон уацмыс.

Олисаты Вероникæ у Санкт-Петербурджы Илья Репины номыл аивæдты академийы 2007 азы рауагъдон. Уæрæсейы нывгæнджыты Цæдисы уæнг  у бирæ равдыстыты архайæг куыд бæстæйы, афтæ фæсарæнты дæр. Йе сфæлдыстадон къæбицы – уæлахизтæ алыхуызон конкурсты, уыимæ æппæтадæмонты дæр. Олисаты Вероникæйы нывтæ фенæн ис хи коллекциты Уæрæсейы æмæ фæсарæнты. Йе *рмдзæф йæхимæ *лвасы аивадуарзджыты . Ацы равдыст йæ уазджыты зæрдæты сæвзæрын кодта сæрмагонд æнкъарæнтæ.

Олисаты Вероникæ бакуыста позитивон экспозици саразыныл, цæмæй адæмæн æххæстæй равдиса йе *нкъарæнтæ æмæ миддунейы хъæздыгдзинад. Ацы равдыст нывгæнæгæн у æртыккаг. Æрмдæсны фидæны дæр нысан кæны бирæ æндæр сфæлдыстадон проекттыл кусын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania