филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:19 воскресенье, 01 февраля 2026
15 ноября 2019, 15:34
Национ музейы байгом сæрмагонд равдыст

Баст у Цæгат Ирыстоны нывгæнджыты Цæдисы 80 азы бонимæ

Национ музейы байгом сæрмагонд равдыст. Баст у Цæгат Ирыстоны нывгæнджыты Цæдисы 80 азы бонимæ. Аивадуарзджыты размæ рахастой 250 куыстæй фылдæр. Сæ автортæ сты Ирыстоны 93 нырыккон нывгæнæджы. Нывтæ конд сты алы жанрты: нывкæнынад, графикæ, скульптурæ, æрмдæсныйад. Се ппæт дæр конд сты фæстаг цалдæр азмæ. Экспозицийыл бакуыстой Бигъаты Юрий, Реваз Нарт, Гасынты Жорж, Дзбойты Михал, Челæхсаты Магрез, Николай Нестеренко, Айларты Таймураз, Евгений Шугаев, Джыккайты Мурат, Валентина Третьякова æмæ æндæртæ.  Равдысты фенæн ис æрдзы нывтæ, натюрморттæ, рагон кадджытæй сюжеттæ, историон цаутæй æмæ хæстытæй нывтæ. Ацы темæтæ раргом кодтой Кцойты Юрий, Мæргъиты Таймураз, Кучиты Аслан, Цæллагты Фатимæ, Бæйцаты Людмилæ, Кæркуысты Роберт, Пухаты Вадим, Хайты Ибрагим, Джидзæлаты Анжелæ, Наталья Юркова, Анастасия Евграфова æмæ бирæ æндæртæ. Алы куыст дæр фæндаг ссардзæн аивадуарзджыты зæрдæтæм. Кадджын мадзалы ма арæзт æрцыд альбом «Ирыстоны нывгæнджыты» презентаци.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania