16 ноября 2021, 11:38
Национ музейы байгом Санкт-Петербурджы аивæдты академийы равдыст
Фенæн дзы ис йæ 15 рауагъдоны куыстытæ фæстаг 10 азмæ
Национ музейы байгом Санкт-Петербурджы аивæдты академийы равдыст «Академия: традиции и новаторство». Фенæн дзы ис йæ 15 рауагъдоны куыстытæ фæстаг 10 азмæ. Сты куыд реализмы, афтæ импрессионизмы хуызы. Адæппæтæй дзы ис 83 куысты. Се ппæт адæмы цурмæ хæссынц авторты арф хъуыды Санкт-Петербурджы аив сурæт равдисын. Равдыст арæзт æрцыд Александра Вершинина, Лиза Сойни æмæ Акъоты Элинæйы проектмæ гæсгæ. Куыд зæгъынц, афтæмæй, равдыст у Цæгатаг сæйраг горæтæй æгасцуайы нысан. Равдыст фенæн ис 12 декабрьмæ.
темæмæ гæсгæ




