17 октября 2013, 17:03
Национ музейы залы байгом Тауаситы Ростаны равдыстыты проект «Бумага и воображение»
Ростан нымад у нырыккон фæлтæры концептуалон аивады ирддæр минæварыл. Каст фæци Строгановы номыл мæскуыйаг университет æмæ нырыккон аивады фарстаты институт. Архайдта Уæрæсейы æмæ фæсарæнты бирæ равдыстыты.

Ростан нымад у нырыккон фæлтæры концептуалон аивады ирддæр минæварыл. Каст фæци Строгановы номыл мæскуыйаг университет æмæ нырыккон аивады фарстаты институт. Архайдта Уæрæсейы æмæ фæсарæнты бирæ равдыстыты. Йæ куыстытæ фенæн ис Мæскуыйы нырыккон аивады музейы, Паддзахадон Третьяковы галерейы, стæй Уæрæсейы, Италийы, Францийы, Испанийы æмæ Америкæйы хицæн адæймæгты коллекциты.
Ацы равдыстмæ та хаст æрцыдысты, алы рæстæджы конд 120 графикон эскизы. Автор сыл бакуыста цалдæр азы. Тауаситы Ростан у зындгонд скульптор Тауаситы Сосланы фырты фырт. Фыццаг хатт Ирыстонмæ ссыд форум «Аланикæ»-йы архайынмæ. Райсом национ музейы экскурси сараздзысты скъоладзаутæн. Фæстæдæр та наукон библиотекæйы арæзт æрцæудзæн Ростаны сфæлдыстадон изæр.

темæмæ гæсгæ